Нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбамæ Латайы трагедийы амæттæгты Мысæн боны охыл

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста мæсæллæйы нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбамæ Латайы трагедийы амæттæгты Мысæн боны охыл.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«1992 азы цыппурсы мæйы 14-æм бон у Абхазы историйы æппæты æвирхъаудæр бонтæй иу. Гуырдзиаг агрессортæ æрæппæрстой хæдтæхæг цæрджытæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттимæ. Ацы цау адæмы зæрдæты баззайдзæн æнæбайгас хъæдгомæй».

14.12.2023