Литературон преми «Булæмæргъ»-ы церемонийы фæдыл

Церемония вручения литературной премии «Булæмæргъ»

Цыппурсы мæйы 13-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста литературон преми «Булæмæргъ» дæттыны церемонийы, кæцы цыд Мæскуыйы.

Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта церемонийы хайадисджытæ æмæ уазджытæн. 

Преми «Булæмæргъ» сфидар кодта 2016 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад Уæрæсейы Федерацийы, æмæ йæ сæйрагдæр нысан у ирон æвзаг парахат кæнын. 2020 азы премийы Совет бакодта уырыссаг æвзагыл чи фыссы, уыцы автортæн номинаци.

Мадзалы уазджытæ систы уæрæсейаг æддагполитикон уагдоны, Уæрæсейы аккредитацигонд дипломатон корпусы минæвæрттæ, æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ. 

Премийы церемони бабæрæг кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци Æлборты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Ахуырады министр Лолаты Аслан æмæ Республикæйы æндæр минæвæрттæ.

Цхинвал, 2023 азы цыппурсы мæйы 13-æм бон

13.12.2023