Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«1993 азы цыппурсы мæйы 12-æм бон ист æрцыд Уæрæсейы Бындурон закъон, кæцымæ гæсгæ бæрæг æрцыдысты паддзахаддзинады принциптæ æмæ æмбæстаджы сæйраг хæстæ æмæ бартæ. Бæстæйы демократон размæдзыды фидар бындур уæвгæйæ, Конституци ссис æмбæстагон сабырдзинады гарант.
Сæйраг закъоныл бындуриуæг кæнгæйæ, уæрæсейаг адæм ныфсджынæй хизынц сæвзæргæ зындзинæдтæ æмæ цæлхдурты сæрты. Конституцион принципты стабилондзинад у бæстæйы æнтысджын размæдзыды ахсджиаг иуæг, кæцыйы фæрцы реализаци цæуынц закъондæттæг нормæтæ æмæ ис æппæт фадæттæ уæрæсейаг бирæнацион æхсæнады аккаг цард аразынæн».