Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Официалон Минæвар Австриаг Республикæйы Патрик Поппелы фембæлды фæдыл Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты

Встреча Патрика Поппеля в ЮОГУ им. А.А. Тибилова

Кæфты мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Официалон Минæвар Австриаг Республикæйы Патрик Поппель бабæрæг кодта Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет, цыран политологи æмæ социологийы кафедрæйы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн бакаст лекци ахæм темæйыл: «Адæмон дипломати куыд нырыккон æхсæнадæмон политикæйы ахсджиаг иуæг».

П. Поппель радзырдта адæмон дипломатийы хицæндзинæдты фæдыл, куыд æхсæнадæмон конфликттæ сабырæй æрбæстон кæныны иуæг, кæцы ахсы ахсджиаг бынат нырыккон æхсæнадæмон ахастыты.

Лекцийы кæрон Патрик Поппель сдзуапп кодта студентты фарстытыл.

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 27-æм бон

27.10.2023