Ӕртхъирӕны мӕйы 10 бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Сириаг Араббаг Республикӕйы Минӕварад, цӕмӕй зӕххӕнкъуысты ӕмӕ йӕ фӕстиуджыты фӕдыл тӕфӕрфӕстӕ ракӕна сириаг адӕмӕн, афтӕмӕй ма дидинджытӕ сӕвӕрдта Минӕварады раз.
Президентимӕ уыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ӕххӕстбарджын Минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Гасситы Знауыр.
Сириаг Араббаг Республикӕйы Ӕххӕстбарджын Минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Башар Джаафариимӕ аныхасы рӕстӕджы Гаглойты Алан банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адӕм хъыгзӕрдӕйӕ кӕй хъынцъым кӕнынц Сирийы хӕларадон адӕмимӕ иумӕ ӕмӕ тӕфӕрфӕс кӕнынц чи фӕмард, уыдон бинонтӕн ӕмӕ хиуӕттӕн.
Цхинвал, 2023 азы ӕртхъирӕны мӕйы 10 бон