Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварад Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Сæрдар Коцты Егоры.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд хуссарирыстойнаг-днестргæройнаг ахастыты райрæзты фарстатыл. Паддзахадты æмахастытæ дарддæр рауæрæх кæныны хъуыддаджы ахсджиаг къахдзæфыл нымад æрцыд ДМР Уæлдæр Совет кæй сратификаци кодта, 2016 азы Цхинвалы къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы Бадзырд хæларад, æмгуыстад æмæ партнерады тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы æхсæн. Æввахс рæстæджы Бадзырд хаст æрцæудзæн ратификацимæ РХИ Парламентмæ.

Дарддæр ма æрдзырдæуыд кæрæдзийæн цымыдис чи у, уыцы фарстатыл.

Цхинвал, 2017 азы 2 февраль

 

02.02.2017