Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

2016 азы 24 ноябры Гуырдзыстоны ФХМ ныммыхуыр кодта радон æрвылкварталон хыгъд «оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты ситуацийы тыххæй», ацы хатт ацы азы июлæй сентябры онг периодмæ.

Документ раздæры «хыгъдтæй» зын рахицæнгæнæн у æмæ æххæстæй дзуапп дæтты гуырдзиаг логикæйæн Гуырдзыстоны сыхаг паддзахадтæн – Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазæн негативон хуыз барæй саразыны хъуыддаджы.

Æвæццæгæн, бирæ хæттыты традицион æнæбындур ныхæстæ æмæ гуымир æгъдауæй зыгъуыммæгонд реалондзинад фæлхатт кæнгæйæ гуырдзиаг æддагон-политикон уагдон архайы, æхсæнадæмон аренæйыл Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн мификон «Гуырдзыстоны оккупацигонд территориты» фæлгондз саразыныл, цыран парахат у æнæзакъондзинад æмæ адæймаджы барты массон фехæлд.
Бæрæг у уый дæр, æмæ ахæм æнувыддзинадæй ис хуыздæр спайда кæнæн, зæгъæм, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæн делимитаци æмæ демаркацийыл иумæйаг куыст бакæнгæйæ. Уый бирæ проблемæтæ аиуварс кæнид, фыццаджыдæр, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, Хуссар Ирыстоны арæнгæрон районты цæрджытæн.

Фæлæ уый бæсты Гуырдзыстоны скъæрынц иу хыгъд иннæйы фæстæ, цыран Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл мадзæлттæ квалификацигонд цæуынц куыд адæймаджы бархæлдтæ, афтæ. Хуссар Ирыстоны территорийыл паддзахадон арæны режим чи фехалы, уыдон куы æрцахсынц, уæд сæ скъæфты амæттæгтæ саразынц, æмæ, цы бæрн хъуамæ хæссой ацы фæткхалджытæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ, уый та нымайынц æхцадомдыл, фыдмитыл æмæ этникон æууæлмæ гæсгæ дискриминацийыл.

Ахæм политикæ дарддæр кæнын у контрпродуктивон, æмæ алы хатт, Хуссар Ирыстоны ныхмæ кусгæйæ, Гуырдзыстон дарддæрæй дарддæр кæны дывæрсыг æмбар æмæ хæларсыхагон æхсæнадæмон ахастытæ саразыны перспективæ.

Дзырд цы хыгъдыл цæуы, уым нæ хъус æрдардтам, бирæ хатт чи уыд загъд, ахæм Адæймаджы барты фæдыл ИНО Уæлдæр комиссар Зейд Рахад аль Хуссейны ныхæстæм, кæцы дзуры, зæгъгæ, адæймаджы бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уый чи мониторинг кæны, æхсæнадæмон организациты уыцы кусджыты æмæ къухдариуæггæнджыты нæ уадзынц Хуссар Ирыстоны территоримæ. Æмæ уый æцæг диссаг у, уымæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауадмæ йæ территоримæ æрбацæуыны тыххæй официалон æгъдауæй ничи бахатыд. Æмæ Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны æрдыгæй æрбацæуынæн та «оккупацигонд территориты» контексты ницы хуызы ис гæнæн. Бæрæг у, ацы хъуыддаг кæй æмбарынц æхсæнадæмон организацитæ дæр, æмæ сæ растдæр уымæн нæ фæнды объективон информаци базонын хъуыддæгтæ æцæг куыд сты, уый фæдыл æмæ уый аххосæй æнцой кæнынц, Гуырдзыстон бынтондæр кæй сзыгъуыммæ кодта, ахæм реалондзинадыл.

 

Цхинвал, 2016 азы 2 декабрь

 

02.12.2016