Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад радон хатт фехъусын кодта,зæгъгæ, хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæныл бахæцыдысты Гуырдзыстоны ‘рдæм, инженерон æмбондгæнæн дзы куы арæзтой, уæд. Хуссар Ирыстоны арæны фехæлд ма бæттынц Европæйаг Цæдисы сæргълæууæг Дональд Тускы Гурдзыстонмæ плангонд визитимæ, кæцыйы гуырдзиæгты фæндыдис, арæнмæ йæ бæлвырд провокацион нысанæн æркæнын.
Уыимæ иумæ ма нысанмæздæхтыл нымайæн ис уый дæр æмæ ма ахæм провокаци сарæзта 2008 азы ноябры кæрон дæр, кæцыйы хайад иста Польшайы раздæры Президент Лех Качиньский. Уый æркодтой хуссарирыстойнаг арæнмæ æмæ йæ æхстой гуырдзы ‘рдыгæй фарсæй. Польшайаг делегацийы æхсыны факт бæлвырд цæуы Польшайы Мидæггагон æдасдзинады агентады официалон докладæй, кæцыйы комкоммæ дзырдæуы, зæгъгæ, «Польшайы æмæ Гуырдзыстоны президентты машинæтæм æхст уыдис гуырдзиаг провокаци».
Гуырдзиаг хицауады сарæзтгонд театралон равдыстыты митæ, кæцыты уыдон æрымысæккаг мæнг хъуыддæгты кæрæдзиимæ ерыс кæнынц, хуыздæр арæхстдзинад сæ чи равдиса, ууыл æмæ сидынц дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй рахæцой сæ æрымысæггаг проблемæты фарс. Уый Хуссар Ирыстоны æмбæрст цæуы, куыд гуырдзиаг политикты рынчын зонды фæстиуæг, афтæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, зæгъгæ, 2015 азы 1 июлæй РХИ Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты арæнхъахъхъæнæг службæ ногæй рæвнæлдта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уый бынаты сбæлвырд кæнынмæ. Ацы куыст æххæст цæуы хуссарирыстойнаг закъондæттынадмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, Гуырдзыстоны суверенитет хæлд нæ цæуы, афтæмæй. Дæргъвæтин рæстæджы Гуырдзыстоны къухдариуæгад, демагогон хъусынгæнинæгтæй пайда кæнгæйæ, дзуры, цыма хæлд цæуы йæ территориалон æнæхъæндзинад æмæ мификон чи у, ахæм хъуыды, цыма Хуссар Ирыстоны соккупаци кодта Уæрæсе, фæнды йæ цæмæй дунеон æмæхсæнадон бауырнын кæна иллюзитæ æмæ мæнг хъуыды уæвæг æцæгдзинады тыххæй. Мах афтæ нымайæм æмæ гуырдзиаг фарс барæй цы уавæр карз кæны арæнгæрон зонайы, уый йе, ‘рдыгæй фарс у котрпродуктивон, уымæн æмæ регионы йæ бон у æмæ æркæна радон дестабилизацимæ.
Цхинвал, 2015 азы 14 июль