Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2015 азы 28 майы Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. Аппараты уыдис фембæлд Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ, Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы уæнгтæ А.А. Двинянин, Н.Е. Жуков æмæ М.М. Кулахметовимæ. Фембæлды хайад райста Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты К.И.

Баныхасы рæстæджы æркастæуыдис Гуырдзыстонимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны, уыцы нымæцы Ленингоры районы дæр паддзахадон арæны ситуацийыл, женевæйы бадзырдты цыды формат æмæ перспективæтыл.

Дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр банысан æрцыдис, зæгъгæ,бынæттон цæрджыты интерестæн дзуапп дæттит паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уый демаркациимæ бастуæвæг проблемæтæ тагъддæр бæстонгонд куы ‘рцæуиккой, уæд уый. Ногæй та банысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн регионы фидар æдасдзинад ифтонг кæныны фæдыл, тыхæй ма спайда кæныны тыххæй хæсджынгæнæг юридикон документ саразыны æмæ йыл къухтæ æрфыссыны сразыдзинады фыццаградон нысаниуæг. Ацы хъуыддаг уæлдай актуалондæр кæны, арфæй-арфдæр чи кæны Гуырдзыстон æмæ НАТО, афтæ ма хицæн адæймæгтимæ æфсæддон æмкуысткæнынады фоны. Уымæн ис, регионы стабилондзинадæн тас кæмæй у, ахæм характер. Ацы аз июны райдианы ИНО ГА гуырдзиаг лигъдонты тыххæй радон сессийы политизацигонд резолюцийы проектæн хъæлæсæппæрст плангонд кæй цæуы, уый тыххæй фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой уымæн йæ деструктивон фæдæздæхт, кæцы ныхдур у Женевæйы гуманитарон проблемæйæн.

Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг консультацитæ равдыстой дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастыты æнгом æмцæдисон характер æмæ дунеон аренайы æппæтфарсон координацигонд архайд фидардæр кæнынмæ тырнындзинад.

Цхинвал, 2015 азы 28 май

 

28.05.2015