Ацы аз, 27 декабры, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. фембæлд Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр А.И. Кофман йæ сæргъ кæмæн лæууыдис, ДАР уыцы делегациимæ. Ацы делегаци уый хæдразмæ Цхинвалмæ æрцыдис кусæгон балцы.
Лæмбынæг ныхæсты рæстæджы æркастæуыдис æндæр æмæ æндæр сферæты дывæрсыгон æмкуысткæнынады фæдæздæхты фарстатæм, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстон Донецкы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад кæй банымадта, уый фæдыл политикон диалогы фарстатæм дæр. Уынаффæйы хицæн темæ систы РХИ æмæ ДАР ‘хсæн æттагонполитикон ведомстваты конструктивон æмархайды перспективæтæ.
А.И. Кофман информаци сарæзта республикæйы фæстаг цаутæн æмæ бузныг загъта хæдбардзинад банымайыны фæдыл Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн сæ историон уынаффæйы тыххæй.
Санахъоты Д.Г. йæхи рады банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны сæ хъус лæмбынæгæй дарынц Донецкы æмæ Луганскы Республикæты ситуацитæм, сæ цæрджытимæ иумæ æрхæндæгдзинад æвдисынц, цы цаутæ сæ цæуы, уыдон тыххæй æмæ сын загъта, цæмæй ацы бирæхъизæмæрттæ ‘взарæг цæрджыты зæххыл тагъддæр æрфидар уа сабырад, уый фæндиæгтæ. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, уый Хуссар Ирыстонæн æмæ хæст чи бавзæрста æппæт уыцы иннæ адæмтæн иууыл сæйрагдæр кæй у Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады фарсхæцынад, сабырад цæмæй уа, уый тыххæй.
Дыууæ фарсы дæр сæ цæттæдзинад бафидар кодтой сæ кæрæдзиимæ æмкуысткæнынады, бадзырдтой, цæмæй сæ ахастытæ аразой хæлар æмæ æмбарадон бындурыл, уæвæг потенциалæй эффективонæй пайда кæнгæйæ.
Цхинвал, 2014 азы 29 декабрь