18 сентяры Республикӕ Хуссар Ирыстоны кусӕгон визитимӕ уыдис Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женевӕйы дунеон дискусситы Ӕмсӕрдӕртты делегации.
Фембӕлды уынаффӕ цыдис 2012 азы, октябры, чи хъуамӕ уа, Женевӕйы дискусситы уыцы радон раундмӕ бацӕттӕ кӕнынимӕ бастуӕвӕг фарстытыл.
Хуссарирыстойнаг фарс Ӕмсӕрдӕртты Хъусдард аздӕхта гуырдзыстойнаг полиции Зардиаты хъӕуы, Хуссар Ирыстоны адӕмы фарсмӕ чии с ӕмӕ бынӕттон ирон цӕрджыты ахъаззӕг тасы чи баппӕрста, уым цы пост рӕвӕрдта, уый проблематӕ скъуыддзаг кӕй нӕма ‘рцыдысты, уымӕ. Уый нӕ, фӕлӕ ма гуырдзиаг арӕны периметрыл хотыхджын полицейӕгты нымӕц кӕны фылдӕр ӕмӕ иуӕй-иу бынӕтты та полицион тыхтӕ ӕфсӕддон тыхтӕй ивд кӕй цӕуынц, уый тӕссавгдзинад ӕвзӕрын кӕны регионы гӕнӕнуӕвӕг ситуацийы фӕвазыгджындӕр кӕнынӕн. Женевӕйы дискусситы хайадисджыты, афтӕ ма Евроцӕдисы Цӕстдӕрджыты хӕс ис уый мидӕг, цӕмӕй мА руадзой цауты ахӕм рӕзт.
Фембӕлды хайадисджытӕ ӕрцыдысты иумиаг иугъуызон хъуыдымӕ, зӕгъгӕ, Женевӕйы дискусситы нысан у, цӕмӕй ма ‘руадзой гӕнӕнуавӕг хӕстон конфликт. Уый зӕрдыл даргӕйӕ, банысан ӕрцыдис, цӕмӕй фӕактивондӕр чындӕуа тыххӕй ма спайда кӕныны фӕдыл юридикон ӕгъдауӕй хӕсджынгӕнӕг документыл куыст.
Уынаффӕ ма цыдис, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй ӕмбӕрӕгӕй чи фесӕфтысты,уыдон агурыныл ӕмӕ гуманитарон характер кӕӕмӕн ис, ӕндӕр ахӕм фарстатыл дӕр.
Женевӕйы дискусситы Ӕмсӕрдӕртты делегацийы абон йӕхимӕ райста Республикӕ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид.
Делегаци уыдис Тирскы моладзандоны ӕмӕ горӕт Цхинвалӕн цӕгаты ‘рдыгӕй хъӕутӕ ис, уыдоны.
Цхинвал, 2012 азы 18 сентябр