Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг Дзыллон информацийы фæрæзтæн Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы 67-æм раунды тыххæй

2026 азы хурхæтæны мæйы 30 – сусæны мæйы 1-æм бонты ИНО-йы Женевæйы хайады Нациты Галуаны ацыд Фæскавказы Стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы 67-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы, Иугонд Нациты Организацийы, Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Коцты Константин.

Раунды рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны‘хсæн, афтæмæй ма Абхаз æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтæм хæстæг районты стабилондзинад æмæ æдасдзинады фарстаты фæдыл. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны уавæр нысангонд æрцыд стабилон. Хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг минæвæрттæ ногæй æрсидтысты гуырдзиаг фарсмæ паддзахадон арæны делимитаци æмæ дарддæры демаркацийы фæдыл иумæйаг куыст ауадзынмæ, уымæн æмæ уый у арæнгæрон инциденттæ æмæ дестабилизацийы тæссагдзинад фæкъаддæр кæныны ахсджиаг иуæг.

Ныхасы рæстæджы нысангонд æрцыд Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы куысты ахсджиагдзинад хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Æрдзырдæуыд Механизмы куысты ахадындзинад æмæ уыцы форматы «тæвд хахх»-ы архайдыл.

Хуссарирыстойнаг, абхазаг æмæ уæрæсейаг хайадисджытæ банысан кодтой, æдасдзинад бахъахъхъæнынæн æнæмæнг кæй у, цæмæй Гуырдзыстон бафысса Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ. 

Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ равдыстой сæ тыхстдзинад Цæгат-Атлантикон хæстон альянсмæ Гуырдзыстоны интеграцийы фæдыл архайд сцырен кæныны тыххæй. Нысангонд æрцыд, Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы контингентты хайадистимæ хæстон ахуыртæ комкоммæ кæй æндавынц регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинадыл. 

Бæстонæй æрдзырдæуыд гуманитарон фарстатыл дæр, цыран сæйраг хъусдард аздæхтæуыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ. Хуссарирыстойнаг делегаци банысан кодта, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны фæдыл куыст сцырен кæнын кæй хъæуы æмæ æрсидт гуырдзиаг фарсмæ ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн уæзгæ къахдзæфтæ саразынмæ.

Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ радон хатт банысан кодтой, Гуырдзыстон кæй халы ирæтты – Хъазыбеджы районы (Тырсыгом) цæрджыты бартæ, кæдонæн цалдæр азы дæргъы сæ бон нæу сæ райгуырæн уæзæгмæ бахауын.

ИНО-йы Генералон Ассамблейы лигъдæтты проблемæйы фæдыл радон политизацигонд резолюцийы райсты тыххæй хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ иумæйаг фидиуæны бахахх кодтой Гуырдзыстоны ацы инициативæйы деструктивон мидис, кæцы бынтондæр сафы Женевæйы фæзуаты лигъдæтты проблемæйыл дзурыны мидис.

Хъуыдытæ ма загъдæуыд æндæр гуманитарон фарстаты фæдыл дæр.

Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон фембæлд нысангонд æрцыд 2026 азы джеоргуыбайы мæймæ.

Женевæ, 2026 азы сусæны мæйы 2-æм бон

02.07.2026