Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Турчы æддагполитикон уагдæтты сæргълæуджыты фембæлды фæстиуджытыл райст декларацийы фæдыл

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Стамбулы декларацийы текстмæ, кæцы ист æрцыд Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Турчы æддагполитикон уагдæтты сæргълæуджыты фембæлды фæстиуджыты фæдыл. Декларацийы, сæрмагондæй, ногæй дзырд цæуы «Гуырдзыстоны æхсæнадæмон æгъдауæй нымад арæнтыл суверенитет æмæ территориалон иудзинад сног кæнын»-ы тыххæй. 

Радон хатт та зæрдыл лæууын кæнæм, «Гуырдзыстоны æхсæнадæмон æгъдауæй банымад арæнтæ»-йы æмбарынад дзуапп кæй нæ дæтты Советон Цæдисы ныппырхы æмæ уый фæстæ сæвзæргæ геополитикон уавæртæн. 

Хуссар Ирыстон ницы бар дары афтæ хуыйнæг Гуырдзыстоны территориалон иудзинадмæ. У суверенон паддзахад, кæцыйы хæдбардзинад нымад æрцыд Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр паддзахадты 'рдыгæй. Уый ссис нæ адæмы бирæазон тох æмæ нæ зæххыл сæрибарæй цæрыны фæстиуæг. 

Ахæм цæстæнгасыл чидæриддæр хæст у, уыдонмæ сидæм, цæмæй ферох кæной сæ фæлварæнтæ æмæ æцæгдзинад куыд у, афтæмæй йæ райсой. 

Хуссар Ирыстон никуы ферох кæндзæн йæ историйы трагикон цаутæ, кæцыты рæстæджы гуырдзиаг хицауад арæзта алыхуызон фæлварæнтæ адæмы скуынæг кæнын, сæ бартæ сын асæттынæн, уый хыгъд хæстон архайдтыты хуызы дæр. Хуссар Ирыстоны адæм рагæй равзæрстой хæдбардзинады фæндаг æмæ уымæн фæивæн нæй. 

2026 азы хурхæтæны мæйы 10-æм бон

10.06.2026