Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтæй 35 азы рацыды цытæн Уæрæсейы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад сарæзта Мæскуыйы Райст, кæцыйы фæлгæтты ацыд Æхсæнадæмон литературон преми «Булæмæргъ» раттыны цытджын церемони.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæрдар Сергей Меняйлойы номæй арфæйы фыстæг бакаст УФ-йы Президенты дæлбар РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвары бартæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзасохты Тамерлан.
Афтæмæй ма арфæйы ныхæстæ загътой СНГ-йы бæстæты Цыппæрæм департаменты Директор Михаил Калугин, Уæрæсейы историон æхсæнады Правленийы Сæрдар Гагкуты Руслан, Национ-культурон æхсæнадон организаци «Мæскуыйы ирон æхсæнад»-ы Советы Сæрдар Абайты Алан, г. Мæскуыйы æхсæнадон палатæйы уæнг, Дунеон æхсæнадон-хъуыддагон центр «Дом БРИК»-ы Президент Сергей Ладочкин.
Сывæллæтты æмæ æрыгæтты ‘хсæн ирон æвзаджы райрæзт æмæ пропагандæ кæнын, афтæмæй ма ирон национ прозæйы жанры уацмысты циклы тыххæй 1-аг къæпхæны дипломæй хорзæхджын æрцыд Калманты Этэри (Ольгинскæйы хъæу, РЦИ-Алани).
Ирон национ поэзийы жанры фыст уацмысты æмбырдгонд, афтæмæй ма ирон æвзаджы райрæзт æмæ популяризацийы тыххæй Æхсæнадæмон литературон Преми «Булæмæргъ»-ы 2-аг къæпхæны Диплом лæвæрд æрцыд Елбачиты Александрæн (Дзауы поселок, РХИ).
Ирон прозæ, поэзи æмæ публицистикæйы жанрты фыст уацмысты циклы тыххæй Æхсæнадæмон преми «Булæмæргъ»-ы 3-аг къæпхæны дипломæй хорзæхджын æрцыд 11 къласы ахуыргæнинаг Уалыты Аслан (Дменисы хъæу, РХИ).
Æхсæнадæмон Преми «Булæмæргъ»-ы сæрмагонд дипломæй хорзæхджын æрцыдысты журнал «Русское слово в Южной Осетии»-йы сфæлдыстадон коллектив, бирæ азты дæргъы Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг кæй популяризаци æмæ пропагандæ кæнынц, уый тыххæй.
Мадзал бабæрæг кодтой РХИ-йы Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Наниты Сослан, УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Александр Алимов, Азийы Дыккаг Департаменты Директор Алексей Павловский, Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес, Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Алхас Квициниа, Сириаг Араббаг Республикæйы хъуыддæгты фæдыл Рæстæгмæ минæвар Абдулраззак Исмаиль, Анголæйы Минæварады Æххæстбарджын Министр-Уынаффæгæнæг Гаспар Кушдотио Домингуш да Силва, УФ-йы Президенты дæлбар Республикæ Хъырымы Æнаивгæ Минæвар Георгий Мурадов, Санкт-Петербурджы Губернаторы Сæрмагонд Минæвар Исраил Абдулрагимов, афтæмæй ма Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахады Комитеты минæвæрттæ æмæ УФ-йы Фысджыты цæдисы делегаци.
Мадзалы фæлгæтты ацыд ССРЦ-йы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, зындгонд советон æмæ хуссарирыстойнаг нывгæнæг Дыгъуызты Георгийы куыстыты равдыст.
2025 азы цыппурсы мæйы 23-æм бон