Цыппурсы мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд РХИ-йы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы радон рабадт. Рабадты хайад райстой РХИ-йы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы Сæрдар, РХИ-йы ФХъМ-йы Фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады Сæрдар Санахъоты А.Г., афтæмæй ма Советы уæнгтæ – Министрады кусджытæ.
Æвзонг дипломатты советы Сæрдар Санахъоты А.Г. скодта ацæугæ азы хатдзæгтæ æмæ бузныг загъта Советы уæнгтæн сæ куысты фæдыл. Рабадты рæстæджы РХИ-йы ФХъМ-йы ÆДС-йы уæнгтæ æрцæугæ азмæ снысан кодтой сæйраг хæстæ.
Æвзонг дипломатты совет арæзт æрцыд 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы æмæ йæ сæйраг нысан у æвзонг кусджытимæ архайд сцырен кæнын, хуссарирыстойнаг дипломатон службæйы традицитæ бахъахъхъæнын, æвзонг кадрты профессионализм æмæ квалификаци фæуæлдæр кæнын. Æвзонг дипломатты советы сæйраг хæстæ сты Министрадмæ ног æрбацæугæ æвзонг кусджытæн профессионалон æххуыс, афтæмæй ма фæсарæйнаг паддзахадты æвзонг дипломаттæ æмæ фæсивæдон æхсæнадон организацитимæ ахастытæ дарддæр кæнын.
2025 азы цыппурсы мæйы 17-æм бон