Арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ, базарад æмæ финансты министрадмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Науруйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 16 азы рацыды цытæн

Южная Осетия и Науру

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Науруйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 16 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ, базарад æмæ финансты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«2009 азы цыппурсы мæйы 16-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Науруйы 'хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл Иумæйаг фидиуæны бафыст бындур æрæвæрдта суверенон принциптæ, æууæнкдзинад æмæ кæрæдзиæмбарынадæн, кæцытæ бæрæг кæнынц официалон дывæрсон бастдзинæдты здæхт».

16.12.2025