ПМР-йы сырæзты бонæй 34 азы рацыды цытæн арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы сырæзты бонæй 34 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1990 азы рухæны мæйы 2-æм бон – приднестроваг адæмæн ахсджиаг бон, уыдон равзæрстой сæрибардзинад æмæ хæдбарады зын, фæлæ иунæг раст фæндаг.

Паддзахадон арæзтады, æхсæнадæмон диалог аразыны æмæ æддагполитикон боны фæткы ахсджиаг фарстатæ реализаци кæныны хъуыддаджы уæзгæ хайбавæрд бакодта Приднестровьейы дипломатон службæ».

02.09.2024