Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Беларусы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Бæстæйы сæйраг паддзахадон бæрæгбон у белорусаг адæмы национ сæрыстырдзинады, йæ иудзинад æмæ æнгомдзинады æвдисæн, сæрибар æмæ сабырады принциптæм тырнындзинады нысаниуæг.
Абоны бон Беларусь ныфсджынæй цæуы йе ‘хсæнадæмон авторитет фидар кæныны, райрæзты фæндагыл. Бæстæйы къухдариуæгад æмæ адæм ацы азты цы политикон фæлтæрддзинад, уæхскуæзæй куыст æвдисынц, уый у паддзахады хæрзиуджытæ бахъахъхъæнын æмæ сæ дарддæр фылдæр кæныны хъуыддаджы æнтысты нысаниуæг».