Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари Европарламенты деструктивон уынаффæты фæдыл

МИД Южной Осетии

2023 азы джеоргуыбайы мæйы 6-æм бон Гуырдзыстонимæ арæнгæрон Ленингоры районы хъæу Æмдзаринмæ хæстæг цы цау æрцыд, уый фæдыл джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон Европæйы парламент ныффидар кодта резолюци.

Хъыгагæн, уынæм европæйаг структурæты рæууатмæ цыд. Фæнысангонд гоймæгтæ барвæндæй кæй рахызтысты Республикæ Хуссар Ирыстоны арæны сæрты æмæ кæй сæвзæрын кодтой арæнхъахъхъæнджыты цардæн тæссагдзинад, уый дызæрдыккаг нæу, уымæй дарддæр уыцы цау нысангонд æрцыд видеоæрмæджытæ æмæ къамтыл.

Уымæ ‘нæкæсгæйæ, Европарламент йæ цæстытæ æхгæны уæвæг æцæгдзинадыл. Гуырдзыстонмæ æрсидыны бæсты, цæмæй провокацион архайдтытæ мауал уа æмæ гуырдзиаг фарс Хуссар Ирыстонимæ иумæ æрæвнала паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг куыстмæ, Европарламент йæ архайдтытæй уавæр ноджы цырен кæны.

Цхинвал, 2023 азы джеоргуыбайы мæйы 24-æм бон  

24.11.2023