Адæмон иудзинады боны фæдыл арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Адæмон иудзинады боны фæдыл арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Уæрæсейы паддзахадон бæрæгбонты ‘хсæн Адæмон иудзинады бон ахсы уæзгæ бынат. Уæрæсейы Федерацийы бирæконфессионалон адæмæн ацы бæрæгбон у æнгомдзинад æмæ бæстæйы истори, культурæ, афтæмæй ма традицитæй сæрыстырдзинады символ, рухс сомбоны ныфс».

04.11.2023