Арфæйы фыстæг УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Æхсæнадæмон хъуыддæгты комитеты Сæрдар Григорий Карасинмæ йæ Райгуырæн боны цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Æхсæнадæмон хъуыддæгты комитеты Сæрдар Григорий Карасинмæ йæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дæ ном ис ныры Уæрæсейы зынгæ паддзахадон архайджыты нымæцы. Бирæ азты дæргъы Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн иттæг хорз куыст, бæрзонд профессионалондзинад, бирæвæрсыг хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы дæ куырыхондзинды фæрцы дын ис ном æппæтадæмон æмæхсæнады.

Цытджын Григорий Борисы фырт, Хуссар Ирыстоны дæ æнæкæрон бузныг сты æхсæнадæмон аренæйы нæ паддзахады ‘вварс кæй дæ, уый фæдыл æмæ стыр аргъ кæнынц дæ хайбавæрдæн нæ бæстæты ‘хсæн интеграци фæарфдæр кæныны хъуыддагмæ.

Ныфс дарын, дæ архайд дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн хæларадон ахастытæ фидар кæнынæн». 

 

24.08.2023