Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мысæн боны фæдыл нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мысæн боны фæдыл нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«31 азы размæ майрæмты мæйы 14-æм бон абхазаг адæм райдыдтой тох кæнын сæ сæрибардзинадыл. Фæхъуыдысты мингай адæймæгты удтæ, ныппырх сты ахсджиаг бæстыхæйттæ, райдыдта Гуырдзыстоны гадзрахат агресси Абхазы адæмы ныхмæ. Хъайтардзинад æмæ æдыхдзинад æвдисгæйæ, Апсныйы хъахъхъæнджытæ фæлæууыдысты гуырдзиаг националистты тыхты ныхмæ æмæ бахъахъхъæдтой абхазаг адæмæн сæ зæххыл сæрибарæй цæрыны бар. Уый у стыр сгуыхтдзинад, патриотизм æмæ хъæбатырдзинады ирд дæнцæг.

Ацы бон Хуссар Ирыстоны адæм хъынцъым кæнынц фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ хиуæттимæ иумæ æмæ арынц Абхазы хъахъхъæнджыты, цæрджыты рухс нæмттæ».

14.08.2023