Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Ӕхсары фембæлды тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Ӕххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовимæ

М.М. Кулахметов поздравил А.М. Джиоева с днем рождения

Тæргæйтты мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Ӕхсар райста йæхимæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Ӕххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовы.

Марат Кулахметов Минæварады кусджыты æмæ йæхи номæй раарфæ кодта Джиоты Ӕхсарæн йæ райгуырæн боны цытæн, уымæй дарддæр ма фæхæццæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы арфæйы фыстæг, кæцыйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Ӕхсызгонæй мæ зæрдыл лæууы, фарон нын джеоргуыбайы мæйы 1-æм бон Мæскуыйы цы фембæлд уыд, уый, æмæ мæ бон у райзæрдæйæ банысан кæнын, нæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæдты æмархайд кæй ис бæрзонд æмвæзадыл, уый та иттæг æххуыс у уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахсджиаг фарстытæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæнынæн.

Ныфс мæ ис, нæ дипломатон уагдæттæ дарддæр дæр кæй хæсдзысты уæзгæ хайбавæрд дывæрсон æмгуысткæнынады размæдзыды хъуыддаджы, кæцы бындуриуæг кæндзæн интергаци æмæ æмгуыстады принциптыл, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы пайдайæн, Фæскавказы сабырады сæраппонд.

Мæ зæрдæ дын зæгъы амонд, æнæниздзинад æмæ дæ куысты ног æнтыстытæ».

Цхинвал, 2023 азы тæргæйтты мæйы 6-æм бон

06.03.2023