Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар тæфæрфæстæ ракодта Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадæн Сирийы территори ракетон цæфтæ кæй æрцыд, уыцы трагикон фæстиуджыты тыххæй.
Тæфæрфæсы дзырдæуы:
«Хъыгзæрдæйæ мæсæллæй зæгъæм Сириаг Араббаг Республикæйы территори ракетон цæфтæ кæй æрцыд, æмæ йæ фæдыл адæмы мæрдтæ кæй расайдта, уыцы трагикон фæстиуджыты тыххæй.
Тæфæрфæс кæнæм чи фæмард, уыдон бинонтæ æмæ хиуæттæн, чи фæцæф, уыдонæн та нæ зæрдæтæ зæгъынц тагъддæр сæнæниз уын».