Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

25 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Боливараг Республикæ Венесуэлæйы Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Уго-Хосе-Гарсия Эрнандесы, кæцыйæн йæ резиденции ис г. Мæскуыйы.

Фембæлды рæстæджы ныхас цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Боливараг Республикæ Венесуэлæйы ‘хсæн дывæрсыг æмгуысткæнынадыл æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастыты дарддæры рæзты фарстыты фæдыл.

Минæвар Уго Хосе Гарсия Эрнандес ногæй йæ фæндондзинад загъта, йæ бæстæ цæттæ кæй у Латинаг Америкæйы Хуссар Ирыстоны интерестæ размæ кæнынæн ахъаз кæнын.

Фембæлды уыдысты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры хæдивæг Цыхуырбаты Казбулат, УФ РХИ Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Димитъыр.

Цхинвал, 2011 азы 25 март

25.03.2011