РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мураты комментаритæ ПТРК «Ир»-æн

Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацы мæйы райдианы гуырдзиаг хъæу Эргнеты байгом афтæхуыйнæг «Гуырдзыстоны НАТО-йы информацион центры къуым».

Уый комкоммæдæр у Гуырдзыстоны хицауиуæггæнджыты пропагандистон къахдзæф,кæцы иу рæнхъыл лæууы ахæм къахдзæфтимæ,цахæм у Гуырдзыстоны февралы уагъд чи æрцыдис,уыцы «оккупацийы бонтимæ».Уый æвдисæн у уыимæ æмæ Гуырдзыстоны хицауиуæгад æргомæй æвдисы æмæ цæрджыты цæттæ кæны се стыр бæллиц НАТО-йы рæнхъытæм бацæуынмæ.

Хуссар Ирыстоны сæ хъусдард аздæхтой ахæм хъуыддагмæ æмæ ахæм пропагандистон акцитæн Эргнеты цæрæн пункт æнæнхъæлæджы кæй нæ равзæрстой.Уым,хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæныл фæдфæдылон æгъдауæй кæй фæцæуынц инциденттæ аиуварс кæныны æмæ сæм хъус æрдарыны фæдыл фембæлдтыты фæлгæтты Механизм,кæцыты ма хайад фæисынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ æмæ Евроцæдисы хъусдарды миссийы минæвæрттæ дæр.Уымæй афтæ рауайы æмæ Гуырдзыстоны хицауиуæгад Женевæйы сабырадон процессы ныхмæ кæй æвæрынц НАТО-йы æргъадтæм сæ хъусдард æмæ арæнгæроны уавæр карздæр кæнынмæ.

Къæцхъусдзинад æвзæрын кæны ахæм факт æмæ йæ байгом кæныны церемонийы кæй уыдис Литвайæн Гуырдзыстоны чи ис,уыцы Минæвар.Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ ацы аз Литва сæрдариуæг кæны ОБСЕ-йы æмæ ис ахæм хатдзаг саразæн ома ОБСЕ-йы литвайаг сæрдариуæгад кæй хæцы Гуырдзыстоны провакацион къахдзæфты фарс.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
Пресс-службæ
Цхинвал, 2011 азы 18 март

18.03.2011