Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2017 азы 9 апрелмæ снысангонд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ æмæ Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном Паддзахад Алани раздахыны тыххæй Референдумы фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уыд Министрады æмкусджыты иумæйаг æмбырд.

Бæстонæй æрдзырдæуыд Республикæйы мидполитикон ситуацийыл, æмæ йæ барадон фæлгæтты кæй хъæуы бавæрын, уый æнæмæнгхъæуæгдзинад та бахаххгонд æрцыд.

Министрад бахатыд æвзæрстыты политикон процессы æппæт хайадисджытæм, цæмæй Республикæйы закъондæттынад æмæ Конституцийы нормæтæ æххæстгонд цæуой. Банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты агъоммæ ситуацийæн нæй дестабилизаци кæнæн, уымæн æмæ ахæм архайды фæстиуджытæ негативонæй бандавдзысты бæстæйы æддагполитикон имиджыл.

Министрады ныфс æвæрынц, Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ - ахсджиаг политикон мадзал, кæй ацæудзысты сабыр атмосферæйы æвзæрстон закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ æвзæрстыты агъоммæйы политикон процессы стабилондзинад та суыдзæн йæ хайадисджытæ кæй сты æнувыд демократийы нормæтæ æмæ æппæнхыгъд прицыптыл, уый æвдисæн.

Цхинвал, 2017 азы 21 март

 

21.03.2017