Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментари

2016 азы 15 ноябры телеканал «Звезда»-йы Мæхъæлы Республикæйы сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуровы номыл арæзт программæ «Легенды армии»-йы фæдыл

Мах æнæмæнгхъæуæгыл нымайæм æппæты серьезондæр хъусдард аздахын, уæрæсейаг телеканал «Звезда»-йы Мæхъæлы Республикæйы сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуровы номарæн программæ «Легенды армии с Александром Маршалом»-ы 1992 азы фæззæджы ирон-мæхъæлон конфликты цаутæм хауæг историон фактты радон фальсификацийы афæлвæрдмæ. Алæвæрды спайда чындæуыд ирæтты æфхæрæн формулировкæтæй, историон факттæ дзы зыгъуыммæгонд æрцыдысты, ногæй та ирон адæмы аххос скодтой сыхаг адæмты æхсæн цы амæттæгтæ, хæдзархæлдтæ æмæ æууæнчы сайдæрцыд, уыдæттæ.

Уæлдай диссаг та уыцы факт у, æмæ ацы хатт ирæтты ныхмæ информацион кампанийы хайад кæй райста канд Уæрæсейы Федерацийы субъектты сæргълæуджытæй иу нæ, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны нымад æмæ популярон федералон уæрæсейаг телеканал.

Мах ацы цау нымайæм ирон æмæ мæхъæлон адæмы æхастытæ ногæй бацырын кæнынмæ здæхт æнæрлæугæ провокациты радон фæзындыл. Уыцы ахастытæ халын æркæндзæн æнæ уый дæр вазыгджын чи у, уыцы Цæгат Кавказы регионы дестабилизацимæ. Мах нымайæм, зæгъгæ, ацы алæвæрд федералон уæрæсейаг телеканалы эфирмæ кæй фæрцы рацыд, уый сбæрæг кæныны хъуыддаг хъæуы кæронмæ акæнын.

Цхинвал, 2016 азы 19 ноябрь

 

19.11.2016