Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. комментарий информацион агентад «Рес»-æн Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Г. Вашадзейы хъусынгæнинаджы фæдыл

Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр йæ хъусынгæнинаджы афтæ кæй загъта, зæгъгæ, Латинаг Америкæйы бæстæты нæ нымайынц Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы, ууыл æз уадиссаг нæ бадис кодтон, уымæн æмæ уый у Гуырдзыстоны позици. Æбæртгонд у, гуырдзыстон æппæт тыхтæй дæр кæй архайы, цæмæй Хуссар Ирыстоны ма банымайай дунейы æндæр паддзахадтæ. Уый Гуырдзыстоны хицауиуæггæнджытæн у фæтк, фæлæ адæймаджы фæндгæ цы фæкæны, уый æцæгдзинадæй нæ хъæуы æвдисын. О, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн стырдæр фадæттæ ис нæ ныхмæ кусынæн. Се ‘вварс хæцынц АИШ. Уæдæ æндæр цæуыл дзурæг у АИШ паддзахадон секретары хæдивæг господин Гордены хъусынгæнинаг, зæгъгæ, кусынц дунейы бæстæтимæ, цæмæй уыдон мА банымайой Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны. Фæлæ цæйау фæзæгъынц макуы дзур макуы. Мæн уырны уый æмæ Латинаг америкæйы бæстæтæ æмæ дунейы æндæр регионты бæстæтæ дæр куы уыной Республикæ Хуссар ирыстон, чи сырæзтис, ахæм бæстæ кæй у, уæд абон уа æви сом, уæддæр нын банымайдзысты нæ паддзахады. О, мах нæхи ‘рдыгæй фарс кусæм Латинаг Америкæйы дæр, Африкæйы дæр æмæ дунейы регионты дæр. Æмæ мæ уырны демократи æмæ адæмы бартæн аргъ чи кæны, сабырад кæй фæнды, уыдон нæ байхъусдзысты гуырдзиаг хицауиуæггæнджытæ демагогимæ, фæлæ реалонæй аргъ кæндзысты ситуацийæн æмæ банымайдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Фæнды ма мæ ноджыдæр уый банысан кæнын дæр æмæ Гуырдзыстоны аккредитацигонд чи сты, къорд бæстæты уыцы минæвæрттæ дæр сæхи ‘рдыгæй фарс æппæт дæр аразынц, цæмæй дунейæн Республикæ Хуссар Ирыстоны уынын кæной негативонæй.

Уый фæдыл мæ банысан кæнын фæнды Гуырдзыстоны Францы минæвар господин Эрик Фурньейы æрæджыйы хъусынгæнинаг, цыма, дам, Хуссар Ирыстоны ивд цæуынц топонимтæ. Уымæн мæ бон у æмæ æсаргъ кæнон, куыд æртыккаг паддзахады мидæггагон хъуыддæгты хи хæццæ кæнын. Уымæн æмæ Францы минæвар аккредитацигонд у Гуырдзыстоны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон та у хæдбар паддзахад æмæ Гуырдзыстоны Францы минæварæн бар нæй æмæ комментари кæна Республикæ Хуссар Ирыстоны мидæггагон хъуыддæгтæ. Фæлæ иугæр уый тыххæй фехъусын кодта, уæд ма фæнды æмæ зæрдыл æрлæууын кæнон Хуссар Ирыстоны уагъд кæй цæуы йæхи сæрмагонд мидæггаггонд æмæ æттагон политикæ, уымæ гæсгæ топонимты фарст, сæйраджыдæр, у Хуссар Ирыстонæн йæхи фарст. Æниу мæ ацы ран банысан кæнын фæнды Хуссар Ирыстоны Ленингоры ном ивд никуы цыдис. Уый йæ Гуырдзыстоны хицауиуæггæнджытæ фæивтой «Ахалгоры» районæй, уымæн æмæ район 17 азы дæргъы уыдис Гуырдзыстоны оккупацийы бын. 2008 азы августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы юрисдикци ногæй бацыдис йæ тыхы.

Цхинвал, 2010 азы 9 ноябрь

09.11.2010