Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Хæххон-Хъарабахы конфликты зонæйы уавæр кæй фæкарздæр уый фæдыл

Хæххон-Хъарабахы конфликты зонæйы уавæр кæй фæвазыгджындæр, уый Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрын кæны ахъаззаг катайдзинад. Хæлд цæуы æхстытæ æруромын режим æмæ уымæй уавæр цæхгæр фæкарздæр Хæххон-Хъарабахы конфликты зонæйы. Уæлдай катайдзинад æвзæрын кæны, дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр кæй пайда кæнынц уæззау хотыхтæй æмæ хæстон авиацийæ. Азербайджаны Националон Æфсад Хæххон-Хъарабахы ныхмæ кæй райдыдта, уыцы архайдтыты фæстиуæгæн Республикæйы кæй æрцыдис бирæ уды зиæнттæ, уыдоны нымæцы, æфсæддон архайдтыты хайад чи нæ исынц, ахæм сабыр цæрæг æмбæстæгтæ дæр.

Дунеон æмæхсæнад хæсджын у, цæмæй экстренон мадзæлттæ райса хæстон архайдтыты зонæйы æхст æруромыны сæраппонд æмæ дарддæр мауал апарахат уой хæстон хъаугъатæ. Уымæн æмæ уый ахъаззаг тæссагдзинад æвзæрын кæны æнæхъæн хуссаркавказы регионы æмæ йæ фæдыл расайдзæнис уæззау фæстиуджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон карзæй æвзæрыл нымайы Азербайджаны ‘рдыгæй фарс конфликт æрбæстон кæнынæн кæй равзæрста тыхон амал. Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй фарс сиды, цæмæй æвæстиатæй урæд æрцæуой хæстон архайдтытæ, равдыстæуа бæрндзинад конфликт æрбæстон кæныны хъуыддаджы, кæцыйæн нæй аскъуыддзаггæнæн хæстон авантюраты фæрцы.

Цхинвал, 2016 азы 3 апрель

 

03.04.2016