2016 азы 2 февралæй 15 февралмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) нысан бынæттæм конкурсон бындурыл равзарыны сæраппонд исы куырдиæттæ.
Конкурсон фæлвæрæнтæ конд уыдзысты беседæ кæнынæй æмæ бацæуæн экзаментæй, кæцытæ уагъд цæудзысты «Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институты (Университеты) цы бынæттæ рахицæн кодтой, уыдоны нысанон бынæттæм конкурсон фæлвæрæнтæ уадзыны фæткы тыххæй» Уагæвæрдмæ гæсгæ.
Куырдиат бадæттыны тыххæй абитуриенттæ хъуамæ бацæуой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ. Семæ хъуамæ уой РХИ Ахуырады æмæ зонады министрады сфидаргонд бæлвырдгæнæн скъолайæ, кæцы бæлвырд кæна, абитуриент фæстаг 3 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны кæй ахуыр кодта, паспорты ксерохалдих æмæ 2 фотонывы.
Крнкурсон фæлтæрæнтæ кæд уагъд цæудзысты, уый тыххæй фехъусын чындæуыдзæнис уæлæмхасæй.
Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ДАМПИ(У) факультетты ранымад æмæ æндæр информацийы тыххæй зонæнтæ райсæн ис уæлдæр ахуыргæнæндоны официалон сайтæй – www.mgimo.ru.
Уæлæмхас информаци райсæн ис РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ахæм адресыл: Сталиныуынг,18, Хицауады хæдзар, 3-аг æттæгуæлæ, тел.: 45-22-43.
Цхинвал, 2016 азы 1 февраль