Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны гарзджын агрессийыл авд азы сæххæсты сæраппонд зæрдылдарæн мадзæлттæ.

Мадзæлтты хайад райстой Республикæ Хуссар Иыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ.

Саударæн мадзæлттæ райдыдтой, уæрæсейаг фидауынгæнæг батальоны казармайы цур адæм сæхиуыл дзуæрттæ кæм æфтауынц, уыцы сырх дзуарыл веноктæ сæвæрынæй. Веноктæ æмæ ма дидинджытæ æвæрд æрцыдысты Денис Ветчиновы цыртыл дæр æмæ Тъбеты хъæуы цур «Басыгъдгонд удты музейыл» дæр. Уый фæстæ Цхинвалы, Театры фæзуаты уагъд æрцыдис акци «Нæ зæрдыл дардзыстæм æппæт дæр…» 2008 азы Мариинский театр, Гергиты Валерийы къухдариуæгæй, Парламенты размæ асинтыл цы концерт-реквием уагъд цыдис, уым уыдис саударæн митинг.

8 августы «Нæ хъуыдыйы табуйаг бынæттæ», зæгъгæ, уым акцийы рæстæджы дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ кæм фæмард сты, уыцы бынæтты, афтæ ма Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны æххæст æрцыд мысæн литурги 2008 азы мард чи фесты, уыдоны номарæнæн.
Мысæн мадзæлттæ ма уагъд æрцыдысты Мæскуыйы, Сухумы æмæ Тирасполы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæвæрдты дæр.

 

Цхинвал, 2015 азы 8 август

 

08.08.2015