Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Лигъдæтты тыххæй БНО Генералон Ассамблея цы резолюции райста, уый фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстон суанг 90-æм азты райдианæй фæстæмæ у сыхаг Гуырдзыстонимæ йæ ахастытæ сабыр æгъдауæй æрбæстон кæныны æмæ гуырдзиаг-ирон конфликты фæстиуæгæн лигъдонтæ æмæ æвæндонæй ацæуджыты проблемæтæ дунеон нормæтæм гæсгæ рæстагонæй аскъуыддзаг кæныны фарс.

Ацы нысанæн Хуссар Ирыстон алы хатт дæр уыдис конструктивон фæндæтты дунеон æмæхсæнады æмæ хицæн бæстæты æхсæны адæймæгты архайды фарс. Фæлæ 2010 азы 7 сентябры БНО Генералон Ассамблеяйы резолюци, æрмæстдæр БНО хайадисæг бæстæты цыппæрæм хайы йедтæмæ кæй нæ райстой, уымæн зынтæй бауа йæ бон проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн ахъаз фæуын, уымæн æмæ уый бынтондæр ницæмæ дары сырæзгæ реалиты.

Республикæ Хуссар Ирыстон у нымад паддзахад æмæ йæ территоримæ, резолюцийы куыд у, афтæ ницæй тыххæй кæсæн нæй, куыд Гуырдзыстоны территори. Уавæры æцæгдзинад ницæмæ даргæйæ, уым дзырдæуы йæхи мидæг иу ранæй иннæ ранмæ ацæуæг адæймæгты тыххæй. Уымæ гæсгæ, гуырдзиæгтæ куыд амонынц хъуыддаг, афтæмæй документæн æдте зайынц, Гуырдзыстонæй кæй фæсырдтой, уыцы 100 мин ирон адæймаджы, сургæ та сæ фæкодтой æрмæстдæр этникон хиæдтæм гæсгæ. Уыдон балæууæндæн ссардтой Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территоритыл. Гуырдзыстоны бавдисгæ ацы документæн иумиагæй ницы ис æцæгæй архайгæ чи кæны, уыцы равзаргæ проблемæтимæ.

БНО ГА ахæм позици нæ ахъаз кæндзæнис Женевайы дискусситы диалог фæхуыздæр кæнынæн, кæцыты абоны бонмæ сты иунæг ахæм фæзуат, кæцыйыл Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн сæ бон у сæвзæргæ проблемæты æппæт аспекты кæрæдзийæн сæ хъуыдыты дзурын. Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты æвæрдтæ фарст, цæмæй йæ минæвæрæн фадат лæвæрд æрцыдаит БНО Генералон Ассамблейы раныхас кæнынæн, хуссарирыстойнаг адæмы позиции фæхæццæ кодтаит æмæ загътаит, ситуации куыд уыны, уый тыххæй, фæлæ республикæйæн абоны онг дæр ахæм фадат лæвæрд не ‘рцыдис.

Мах афтæ нымайæм æмæ БНО йæ тыхтæ хъуамæ аздаха, цæмæй бандава Гуырдзыстоныл æмæ йæ басæттын кæна аххосджын кæй у йæ саразгæ агрессийы æмæ йæ фæстиуджыты тыххæй, афтæ матыххæй ма спайда кæныны тыххæй сразыдзинад саразыныл дæр. Уый реалонæй ахъаз кæндзæнис регионы сабырад æмæ стабилондзинадæн.

Цхинвал, 2010 азы 10 сентябр

27.01.2011