Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры тел Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны Боны сæраппонд

26 августы Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы Бæрæгбоны цытæн Приднестроваг Молдоваг Респуликæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчак тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæты адресыл.

Телеграммæйы дзырдæуы:

2008 азы 26 августы Уæрæсейы къухдариуæгады райсгæ историон уынаффæ ног этап байгом кодта Хуссар Ирыстоны царды, бындур рæвæрдта паддзахады сабыр æмæ æдас рæзтæн. Ацы бæрæгбонон бон ссис адæмæн сæ сæрибардзинад æмæ хæдбындурдзинады сæрæппонд бирæазон тохы закъонбæрцадон фæстиуæг.

Бирæ азты трагикон цаутæ æмæ бафæлвæрдтытæ ирон адæм сæ сæрибардзинады фæнд бахъахъхъæдтой Тбилисы ‘рдыгæй фарс сын æппынæдзух куы ‘идæвтой, ахæм рæстæджы, сæхиуыл æмæ сæ республикæйыл æууæндындзинад раурой, цахæм сæм æмбæлдис, ахæм фæстиуæг. Адæймæгты иудзинады æмæ уды тых тыхджындæр разындысты ирон адæмы басæттыны, сæ æнусон традицитæ æмæ хъæздыг культурæ скуынæг кæнынмæ знаджы бафæлвæрдтытæй.

Уæрæсейы Федерации дыууæ азы размæ ирон адæмы геноцид æруромгæйæ æмæ Республикæйы хæдбардзинад банымайгæйæ, уырдæм æрхаста бирæрæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы сабырад æмæ фæдфæдылон рæзты гаранти. Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуджытæм æмæ чи нæ байгас, ахæм зиæнттæм нæ кæсгæйæ, абон хуссарирыстойнаг цæрджытæ фидар æууæндындзинадимæ аразынц, ирæтты бирæ фæлтæртæ кæмæ бæллыдысты, сæ уыцы фидæн.

Приднестровьейы уемæ иузæрдиагæй дих кæнынц не ‘фсымæрон адæмæй алкæйы зæрдæйы дæр цы циндзинад цæры, уый. Хуссар Ирыстоны ацы ирд бæрæгбоны айсут сабырады, хæлардзинады, хорздзинæдты æмæ паддзахады сæрибар рæзты фæндæгтыл цы ныхдуртæ ис, уыдон аиуварс кæныны ног æнтыстыты фæндиæгтæ. Уырны мæ уый æмæ «Приднестроваг Молдоваг Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады» Бадзырды бындурыл арæзт чи æрцыдис, нæ бæстæты æдтагонполитикон ведомствоты хæлардзинады ахаст, конструктивон рæзт æмæ æмархайды фæдфæдылон æгъдауæй кæй рæздзæн æмæ кæй лæггад кæндзæн нæ адæмты сабырад æмæ стабилондзинады интерестæн.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты
Пресс-службæ

27.01.2011