Приднестроваг Молдоваг Республикæйы РХИ Официалон Минæварады (Посольство) Сæргълæууæджы арфæйы тел Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы Боны цытæн

26 августы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы бæрæгбонон Боны цытæн Придненстроваг Молдоваг Республикæйы РХИ Официалон Минæварады (Посольство) сæргълæууæг Сергей Сураго арфæйы тел арвыста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы дзырд цæуы:

«Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады æмæ сæрмагондæй мæхицæй æрвитын Дæуæн иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы Боны цытæн.

26 август Хуссар Ирыстоны адæмæн у историон бон. Дыууæ азы размæ уыцы бон Уæрæсейы президент Дмитрий Медведев йæ къух æрфыста хуссарирыстойнаг паддзахады хæдбардзинад банымайыны тыххæй Указыл.

Сæрмагондæй хæдбарæй рæзты бар Хуссар Ирыстоны адæм рамбылдтой бирæ азты уæззау тохты аргъæй, уæззау фесæфтытæ æмæ зиæнтты аргъæй. 18 азы дæргъы тбилисаг фашистон режимы къæппæг, тæссаг æмæ æндыгъд атмосферæ аразгæйæ, Хуссар Ирыстонæн фадат нæ лæвæрдта экономикон æгъдауæй рæзанæн. Террор æмæ агрессии, хæст æмæ блокада – ахæм инструменттæй Гуырдзыстоны къухдариуæгад архайдта сæрибаруарзаг адæмы ныцъист кæнынмæ, сæ уды сæрибардзинад æмæ ныхмæлæууындзинад сын басæттынмæ. Фæлæ режимы алы фыдракæнд дæр ноджы фидардæр кодта адæмы тырнындзинад сæ закъонон бартæ къухты бафтын кæнынмæ æмæ сын цæмæй æмхуызон бартæ уыдаит æндæр адæмты ‘хсæн.

2008 азы августы гуырдзиаг хицæуттæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ сарæзтой уæрæхмасштабон гарзджын агресси, цæмæй физикон æгъдауæй, скуынæг кодтаиккой, чи сын нæ басаст, уыцы адæмы, зæххы ‘мвæз скодтаиккой ирон хъæуты æмæ горæдты. Фæлæ гуырдзиаг æфсады размæбырст фембæлдис Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады фидар ныхмæлæууынадыл. Æмæ Уæрæсейы фидар хифæхæццæкæнын та ануварс кодта геноцид æмæ радта ныхмæлæууæджы ирон зæххæй фæсурын фадат.

Августы хæст æппæт дунейы æмзæдисæн? фенын кодта, Хуссар Ирыстоны сæрибаруарзæг адæмы уæвниадæн агрессивон режим кæуыл камандæ кæнын, уый фæлгæтты гæнæн кæй нæй, Уæрæсейы Федераци, йæ фидауынгæнæг хæсыл æнувыд уæвгæйæ нымайы æвсæддон фындгæнджытимæ диалогæн гæнæн кæй нæй, уымæ гæсгæ райста иунæг раст уынаффæ - Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын.

Хæдбардзинад ног этап байгом кодта Хуссар Ирыстоны рæзты хъуыддагæн. Ныр йæ æдасдзинадæн гарант у Уæрæсе. Бæстæ нырыккон барадон демократон паддзахад аразгæйæ, фидар уырнындзинадимæ цæуы социалон-экономикон прогрессы фæндагыл.

Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Хуссар Ирыстоны Официалон минæварады (посольство) архайд здæхт у Цхинвал æмæ Тирасполы ‘хсæн æппæтфарсон æмкуысткæнынад фидар æмæ рæзын кæнынмæ. Нæ бæстæты ‘хсæн бакуыстгонд æрцыдис уæрæх бадзырдон-барадон базæ æмæ абон уый фæдфæдылонæй æххæст цæуы ахуырадон, гуманитарон æмæ культурæйы сферæты.

Приднестровьейы иттæг зæрдиагæй дарынц сæ хъус Хуссар Ирыстоны позитивон ивындзинæдтæм. Приднестровæгты уырны уый æмæ нæ бæстæтæн кæй ис æмхуызон хъысмæт æмæ иумиаг фидæн. Постсоветон тыгъдады интеграцион процессты нырма ныр райдыдтой сæ тыхы цæуын æмæ уый та нысан кæны, мах кæрæдзимæ хæстæгдæр кæй кæндзыстæм.

Ацы кадджын бæрæгбоны бон, Цытджын Мурæт Кузьмайы фырт, айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ ахсджиаг историон боны, сабырад æмæ хорздзинæдты фæндиæгтимæ, уæт дын ног æнтыстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ хъахъхъæныны хъуыддаджы дунейы кæмдæриддæр».

РХИ Æттагон хъуыддæгты министрады
Пресс-службæ

25.08.2010