Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

БНО ГА лигъдæтты ‘вварс рахæцыны тыххæй цы резолюци райста уый фæдыл

2015 азы 3 июны БНО Генералон Ассамблея ныр æвдæм хатт рахæцыдис Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдæтты æмæ иу ранæй иннæ ранмæ йæ цæрæн бынат чи аивта, уыдон проблемæты тыххæй Гуырдзыстоны резолюцийы проекты ‘вварс. Резолюцийы тыххæй сæ хъæлæстæ радтой 75 бæстæйы æмæ 16 та уыдысты йæ ныхмæ. Æхсызгон хъуыддаг у уый æмæ резолюцийы проекты фарс чин æ рахæцыдис, уыцы паддзахадты нымæц кæй фæфылдæр æртæ иуæджы.

Цыма резолюцийы фарсхæцджытæ уый тыххæй сæ хъæлæстæ цæмæн дæттынц, кæд æмæ сæм бавдыст æрцæуы иувæрсыгон ангажиргонд гуырдзиаг позици, кæцыйы, кæй зæгъын æй хъæуы, æвдыст нæ цæуы уæвæг хъуыддæгты уавæр æцæгæй куыд у, уый. Æмæ цыма афон нæма у, азæй-азмæ фылдæрæй-фылдæр тиражæй политикон мотивацигонд тексты бæсты хуссарирыстойнаг адæммæ равдисой, аргъ сын кæй кæнынц, ахæм ахаст æмæ сæ документ уа объективон чи уа, ахæм?

Хъыгагæн, аивгъуыйгæ азы глобалон æмæ регионалон политикæйы ситуаци хуыздæр, мыййаг, нæ фæцис, фæлæ ма сæвзæрын кодта ног æртхъирæнтæ æмæ ног проблемæтæ. Арæхæй-арæхдæр фенæн ис, куыд зыгъуыммæ цæуынц дунейы барады тыгъдады бартæ, пайда дзы кæныны кризис, æхсæнадæмон проблемæтæм, геостратегион интерестæ скъуыддзаг кæнынмæ æнæнысанон æмæ уыцыиугъæдон ахаст. Растдæр уымæ гæсгæ ныртæккæ, æвæццæгæн, куыд никуыма уыдис, афтæ тынг хъæуы рæстдзинады æмæ эффективондзинады нысанæн ногæй ахъуыды кæнын, хъæуы ацы резолюцийæн хъæлæс раттыны практикæйыл, йæ фарстатæ йын алыварсонæй сахуыр кæнын, байхъуыстæуа хуссарирыстойнаг фарсмæ, цæмæй арæзт ма цæуа гуырдзыстойнаг къухдариуæгады реваншистон зæрдæйы уагæн разæнгардгæнæг фадæттæ.

Лигъдæтты проблемæ политизаци кæнгæйæ, Гуырдзыстоны ацы тематикæйыл цахæмфæнды уынаффæ кæнын дæр фæиртасын кæны Женевайы дискусситы форматы арæнтæй. Афтæмæй уый та у иунæг-иу æхсæнадæмон фæзуат, кæцыйы сты лигъдæтты фарст æрбæстон кæнынмæ чидæриддæр цымыдис кæны, уыцы фæрстæ.

Гуырдзиаг къухдариуæггæнджытæ регионы уæвæг уавæрты реалитыл сразы уæвын æмæ хуссарирыстойнаг фарсимæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл къухтæ ‘рфыссыныл кæй нæ разы кæнынц уый ууыл дзурæг у æмæ ахæм ахаст, регионы ситуаци фæхуыздæр кæнынмæ цахæмфæнды тыхтæ дæр здæхт куы цæуой, уæддæр къуылымпы кæнынæй дарддæр ницы ратдзысты.

 

Цхинвал, 2015 азы 4 июнь

 

04.06.2015