2015 азы 16 апрелы Мæскуйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулатæн фембæлд уыдис Республикæ Науруйы делегациимæ, кæцыйы сæргъ лæууыди Президенты Æххуысгæнæг, финансты æмæ юстицийы министр Дэвид Адеанг.
Фембæлды рæстæджы бауынаффæ кодтой хуссарирыстойнаг-науруйаг ахастыты дывæрсыг политикон диалог фæарфдæр кæныны, æндæр æмæ æндæр планон æмкуысткæнынад райрæзын кæныны, афтæ ма æхсæнадæмон темæты боны актуалон фарстатыл. Цхуырбаты Казбулат Дэвид Адеангæн фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æй кæй хоны Хуссар Ирыстонмæ, уый. Ахæм фæхуындыл райгондæй сразы Дэвид Адеанг.
21 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны æнхъæлмæ кастæуы Дэвид Адеангы сæргълæудæй Республикæ Науруйы делегацийы æрцыдмæ. Плангонд у йæ фембæлд Президент Тыбылты Леонидимæ æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауытимæ.
Цхинвал, 2015 азы 20 апрель