Фæстаг рæстæджы дзыллон информацийы фæрæзтæ се’ мыдзаг сты Гуырдзыстоны къухдариуæгады хъусынгæнинæгтæй, цыран уыдон радон хатт «тынг тыхсынц» Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хаххыл кæй сног сты инженерон-хъахъхъæнæн æмбонды арæзтады куыстытæ, уый фæдыл.
Гуырдзыстойнаг хицæуттæ лæмбынæгдæр æмæ хуыздæр æмбарын райдыдтой, Хуссар Ирыстоны территорийы фæдыл сæ претензитæ æнæбындур кæй сты, уый, æмæ тынг карзæй фембæлынц Хуссар Ирыстоны хицауады куыд мидæггагон, афтæ æттагон политикæйыл дæр, æппæт йæ архайдыл. Уæрæх дипломатон фадæттæй пайда кæнгæйæ, уыдон дунеон æмæхсæнадмæ дарддæр дæр хæццæ кæнынц, Хуссар Ирыстоны аххосджын кæныны тыххæй сæхицæн пайда чи у, ахæм информаци.
Гуырдзыстон амæттаджы ролы æвдыст кæм цæуы, Гуырдзыстойнаг къухдариуæггæнджытæн ахæм спекулятивон хъусынгæнинæгтæ систы традицион æмæ æнæнхъæлæджы чи не сты, ахæм. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территоритыл дау кæнын сын у советон ивгъуыд дугæй рахæссынмæ кæй хъавынц, ахæм бын. Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн йæ адæмы историйы, советон периодмæ æнæуынон цæстæй кæсгæйæ, йæ бон нæу æмæ бамбара, 1921 азы ист чи æрцыд, æппæт уыцы паддзахадон акттæ сденонсаци кæнынæй Гуырдзыстоны ССР, суанг 1990 азы æххæстæй кæй скуынæг кодта, уыцы Хуссар Ирыстоны автономон област-ма Гуырдзыстоны ССР сконды цæмæй уыдаид, уымæн йæ паддзахадон-барадон бындуртæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, зæгъгæ, суверенон РХИ арæны арæзтады инженерон-хъахъхъæнæн æмбонды арæзтад æххæст кæнынц æмбæлон арæнгæрон службæтæ æмæ ацы уавæрыл цахæмфæнды информацион кæнæ æндæр æндæвдад æттæрдыгæй у искæй мидæггагон паддзахадон хъуыддæгты хихæццæ кæнын.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рекомендаци кæны сыхаг гуырдзиаг чиновниктæн, цæмæй сæ рæстæг дзæлгъæды ма сафой, кæной сæ хъуыддæгтæ, бафидауой политикон реалондзинадимæ æмæ Хуссар Ирыстонимæ иумæ дыууæ адæмы интерестæ дæр хынцгæйæ, бакусой арæны хаххы делимитацийы фарстатыл.
Цхинвал, 2014 азы 27 февраль