Арфӕйы фыстӕг Турчы цæрæг ирон адæмы Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садреттинмӕ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Медойты Димитры номӕй йӕ райгуырæн боны цытæн

Уæздан Садреттин!

Зæрдæбын арфæ дын кæнын дæ райгуырæн боны цытæн.

Бирæ æзты дæргъы æнтысджынæй архайыс Æхсæнад «Алан»-ы сæрдарæй, удуæлдай лæггад кæныс Турчы цæрæг ирон адæмæн, парахат кæныс ирон культурæ, хъахъхъæныс ирон æгъдæуттæ æмæ фарн, размæ кæныс Ирыстоны кадджын ном Турчы бæстæйы.

Цы куысты мидæг дæ, уым дæ разы æвæрд хæстæ æххæст кæныс æнувыдæй. Дæ ахсджиаг æмæ бæрнон архайды тыххæй разагъды лæгыл нымад дæ ирон адæмы’хсæн.

Зынаргъ Садреттин, мæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад, бирæ рæсугъд æнтыстытæ дæ куысты æмæ дæ царды. Дæ фæрныг хæдзар фарн æмæ амонд, уарзондзинад æмæ бæркадæй дзаг уæд. Ирон адæмы фарнæй хайджын у кæддæриддæр.

05.04.2021