О безвременном уходе из жизни Полномочного представителя Министерства иностранных дел Республики Южная Осетия в Турецкой Республике Ремзи Канукати

Министерство иностранных дел Республики Южная Осетия извещает, что 30 декабря 2020 года ушел из жизни Полномочный представитель Министерства иностранных дел Республики Южная Осетия в Турецкой Республике Ремзи Канукати.

Его имя было хорошо известно среди осетинского общества всего мира. Мудрость, рассудительность, здравомыслие снискали Ремзи огромное уважение и высокий авторитет не только в Турции, где он много лет возглавлял осетинскую диаспору, но и на юге и севере Осетии.

Ремзи был искренним, открытым, необычайно преданным Осетии человеком, всей душой желавший своей малой родине мира и процветания, способствовавший повышению ее международного авторитета.

Ушел из жизни замечательный человек с большим и любящим сердцем, огромным багажом знаний, истинный патриот своего народа.

Сегодня вся Осетия скорбит о потере глубокоуважаемого старейшины, друга, наставника. Это невосполнимая потеря для нашего народа, огромная утрата для всех, кому посчастливилось дружить с ним, кто имел честь общаться с этим выдающимся человеком.

Министерство выражает самые искренние соболезнования семье Ремзи, его друзьям, всей осетинской диаспоре в Турции.

Цхинвал, 31 декабря 2020 года

2020 азы Цыппурсы мæйы 31 боны махæй æнæнхъæлæджы ахицæн Хуссар Ирыстоны Республикæйы Æххæстбарджын Минæвар Турчы Республикæйы – нæ зынаргь 'фсымæр Хъаныхъуаты Ремзи.

Хъаныхъуаты Ремзи райгуырд 1952 азы хуымгæнæны мæйы 5-ам боны Турчы сахар Сивас-Йылдызелиймæ баст Конакозу хъæуы. Цæрджытæ дзы уыдысты æрмæст ирæттæ.

Скъола дæр уыцы сахары фæци. 1972 азы уаелдаер ахуырады тыххæй Истанбулмæ ацыд. Фаеци каст дыууæ уæлдæр ахуырады - Радио Телеуынынады редакцийы факультет æмæ Экономика æмæ бизнесы факультет.

Хъаныхъуаты Ремзи йæ царды сæйраг архайд равзæрста ирон адæмы фидæны тохыл. Бирæ рæстæг фæкуыста Цæгат Кавказаг адæмы æхсæнад кълубы, 1977 -1978 азты æвзæрст æрцыд фæсивæды советы сæргълæуæгаей, 1979 азæй - 1986 азмæ та æхсæнады советы сæргълæуæгæй.

1987 азы Хъаныхъуаты Ремзи хъæппæрисæй арæст æрцыд Alan Kültür ve Yardım Vakfı – Турчы цæрæг ирон адæмы културон Æхсæнад.

Фыццаг хатт Ремзи Ирыстонмæ æрцыд 1978 азы. 1992 азы рухæны мæйы Хуссар Иры хæст йае тæмæны куы уыд, уæд гуманитарон æххуысимæ Цхинвалмæ дæр ацыд. Уыцы рæстæджы Дзæуджыхъæуы цыд Дунейы Ирæтты 1-аг Конгресс æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Ремзийæн балæвар кодтой Хуссар Ирыстоны Республикæйы тырыса.

Хъаныхъуаты Ремзи Ирыстоны Стыр Ныхасы Турчы æххастбарджын минæвар уыд бирæ азты дæргъы. 2007 азы Ирон адæмы 6-æм Уанелы сахар Цхинвалы дæр райста активон хайад.

2014 азы кæфты мæйы Хуссар Ирыстоны Хæларады Орденæй хорзæхджын æрцыд.

Хъаныхъуаты Ремзи хорз ном ныуагъта Ирыстоны æмæ Турчы цæрæг ирон адæмы 'хсæн. Æппæт Ирыстоныл стыр зиан æрцыд.

Фæсарæйнаг Хъуыддæгты Министрад тæфæрфæс кæны Хъаныхъуаты Ремзийы бинойнаг Слонаты Сæхриза, йæ чызджытæн Вилдан æмæ Пынарæн.

Хъынцым кæнæм æппæт ирон адæмы културон Ахсæнады уæнгтимæ.

с. Цхинвал, 2020 азы Цыппурсы мæйы 31 бон.

31.12.2020