Арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хъаныхъуаты Ремзийæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Медойты Димитрийы номæй йæ райгуырæн боны цытæн

Уæздан Ремзи!

Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады номæй дын зæрдæбын арфæ кæнын дæ райгуырæн боны цытæн.

Ирон адæмæн удуæлдай лæггад кæныс æмæ адæмы фарнæй хайджын у кæддæриддæр. Цы куысты мидæг дæ, уым дæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кæныс æнувыдæй. Дæ ахсджиаг æмæ æнтысджын архайды сæраппонд дын бæрзонд аргъ кæнынц канд Турчы зæххыл цæрæг ирон адæм нæ, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны адæм дæр. Ды Ирыстонæн номдзыд хистæр дæ æмæ дын бирæ бантысæт саразын йæ номыл æмæ йæ кадæн.

Зынаргъ Ремзи, мæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад, бæрзонд æнтыстытæ дæ куысты æмæ дæ царды. Дæ хæдзар фарн æмæ амондæй, уарзондзинад æмæ бæркадæй дзаг уæд.

 

05.04.2020