Нæ хъус æрдардтам Адæймаджы барты фæдыл Европæйы тæрхондоны Гуырдзыстоны искы тыххæй уынаффæмæ, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæлд цæуынц адæймаджы бартæ.
Хъыгагæн, æхсæнадæмон барад ссис политикон манипуляцийы объект. Æхсæнадæмон тæрхондоны кæй ис уый гæнæн, æмæ æркæсой искмæ «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ», уый дæр ныридæгæн у фыдракæнд, уымæн æмæ йæ бындуры ис развæлгъау æнахъинон сайд.