Ответы Министра иностранных дел РЮО

Archive

Гуырдзыстоны президенты пресс-спикер Манана Манджгаладзе куыд фехъусын кодта, афтæмæй Гуырдзыстон фæнд кæны, цæмæй ОБСЕ декабры Саммиты равæра фарст бæстæмæ хъусдарæджы охыл ОБСЕ Мисси раздахыны тыххæй. Гуырдзыстоны хицауады ацы нысаны тыххæй ноджы конкретондæрæй та загъта Гуырдзыстоны фæфарайнагхъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, официалон Тбилисимæ «ис стыр цымыдисдзинад, цæмæй ОБСЕ исты пайдатимæ раздаха фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æмæ сын фадат уа Гуырдзыстоны оккупацигондтерриторийыл мониторинг æххæст кæнынæн». 

Фарст: Цахæм аргъ кæныс Баиугонд Нациты Организацийы Дунеон тæрхондоны вердиктæн Косовойы статусон проблемæйы тыххæй?

Дзуапп: Баиугонд Нациты Организацийы Дунеон тæрхондоны уынаффæйæн кæд консультативон характер ис, уæддæр аразы бæрæг дунеон-барадон прецедент. Принципиалонæй ахсджиаг у уый банысан кæнын æмæ тæрхон аргъ скодта æрмæстдæр хæдбардзинад расидыны Декларацийæн.

Фарст: Гæнæн ис æмæ уыцы уынаффæйæ спайда чындæуа, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад суа дунеон банымад?

Фарст: Курæг дæ стæм, цæмæй нын комментаритæ саразат АИШ-ы паддзахадон секретарь Хилари Клинтоны ахæм хъусынгæнинагæн: «Вашингтон архайдзæн, цæмæй Гуырдзыстон æрцæуа деоккупацигонд».

Фарст: 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет радта Республикæ Хуссар ирыстоны паддзахадон хæдбардзининыды Акт. Цахæм нысаниуæг уыдис ацы Актæн нæ Республикæйы хæдбардзинад банымайыны хъуыддыджы.

Фарст: Европарламент рахæцыдис, йæ сæргъ Хайди Тальявини кæмæн лæууыдис Евроцæдисы уыцы дунеон хæдбар къамисы басгæрсты сæйраг доклад, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хæст райдыдта Гуырдзыстон. Дæ хъуыдымæ гæсгæ Тальявинийы хатдзæгтæ бандавдзысты, Ныгуылæны ныртæккæйы Гуырдзыстоны режимы `вварс чи кæны, уыдон политикæйыл?