Ответы Министра иностранных дел РЮО

Archive

- Æддагонполитикон архайды планы цахæм аргъ кæныс цы аз фæуыд кæны, уый фæстиуджытæн?

- 2015 азы фæстиуджытæн аргъ кæнгæйæ, зæгъæн ис æмæ Фæсарæйнаг хъуыдæгты министрад сæххæст кодта, цыдæриддæр ын хæсгонд уыдис, уыцы хæслæвæрдтæ иууылдæр. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайды бындурон фæдæздæхт у, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент кæй бæлвырд кæны, нæ паддзахады уыцы æддагонполитикон курс æххæст кæнын. Министрад Президентæн хыгъд ратдзæнис, афæдзы дæргъы цы куыст бакодта, уый тыххæй æмæ Президенты хæслæвæрдтæ куыд сæххæст сты, уый тыххæй.

Ацы бонты æппæт дунеон æмæхсæнады хъусдард здæхт у БНО ГА 70-æм юбилейон сессийы цы цаутæ цæуынц, уыдонмæ.

Уæрæсейы Президент Владимир Путин 2015 азы БНО Генералон Ассамблейы, æнæмæнг, æнхъæлмæ кæмæ кастæуыдис, йæ уыцы раныхасы радзырдта, дунейы цæугæ цаутæ Уæрæсе цахæмæй уыны, Æввахс Скæсæн æмæ Украинæйы проблемæты тыххæй.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Бардзырдæй Республикæ Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыдис Экспертон совет. Советы куысты сæ бон у хайад райсой политологтæн, ахуыргæндтæн, эксперттæ-аналитиктæн æмæ æхсæнадон архайджытæн. Экспертон совет конд уыдзæнис æдзухон уæнгтæй (уыдон уыдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ), афтæ ма конкретон рабадты теметикæмæ гæсгæ дæр Советмæ хуынд цæудзысты æндæр, уыцы нымæцы фæсарæйнаг эксперттæ дæр.

- 28 майы нысан цæуы хуссарирыстойнаг дипломатийы бонæй. РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзыны рæстæгимæ йæ куы абарæм, уæд гæнæн ис æмæ зæгъæм хуссарирыстойнаг дипломати ног, гъæдджын æмвæзадмæ рахызтис, зæгъгæ? Æмæ цы у йæ приоритетон фæдæздæхт РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты архайды ныры политикон ситуацийы?

- 28 майы 23 азы æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад саразыныл. Традицимæ гæсгæ ацы бон нысан цæуы, куыд Хуссар Ирыстоны дипломатийы бон, афтæ.

Абон, 18 марты, Мæскуыйы къухтæ фыст æрцæудзысты æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдыл Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн. Цахæм конкретон позитивон ивындзинæдтæ гæнæн ис æмæ æрцæуой, РХИ æмæ Уæрæсейы `хсæн бадзырд цæмæн ссис æнæууæнчы вотум рахæссыны `фсон, уый тыххæй ИА REGNUM-ы уацхæссæгæн дзуаппытæ дæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагонполитикон уагдоны сæргълæууæг Санахъоты Дауыт.

- Дауыт Георгийы фырт, Украинæйы абоны ситуаци æмæ Ныгуылæны санкцитæ хынцгæйæ, Уæрæсейы æмæ йе ‘мцæдисонты алыварс ситуацийæн æсаргъгæнæн ис, куыд тынг æндыгъд, афтæ. Уæрæсе у Хуссар Ирыстоны сæйраг стратегион партнер. Æмæ уæдæ куыд скъуыдзаг цæуынц арæнты æдасдзинады æмæ сæ фидар кæныны фарстатæ, уæлдайдæр та уый æмæ ныры онг дæр къухтæ фыст нæма ‘рцыдысты, Гуырдзыстон тыхæй, цæмай ма спайда кæна, уыцы юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг бадзырдыл?

Украинайы æрцæугæ цауты фæдыл

Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны катайгæнгæ сæ хъус дарынц Украинайы цы вазыгджын цаутæ цæуынц, уыдонимæ, кæцыран паддзахадон фæфæлдæхты фæстиуæгæн Киев æмæ Ныгуылæн Украинайы бирæ горæдтæ бахаудтой хотыхджын радикалон экстремисты къухты. Уыдон архайд кæны масштабондæр æмæ йын ис агрессивон характер.

- Дæ хорзæхæй, радзур ма нын ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухты цахæм бындурондæр æнтыстытæ бафтыдысты, уыдон тыххæй?

- Вильнюсы саммит «Восточное партнерство»-йы цыдирæстæджы Гуырдзыстон рагацау йæ къух æрфыста дунеон бадзырдыл ЕЦ ассоциацийы тыххæй æмæ йыл кæройнаг фыст æркæнын та плангонд цæуы фидæнмæ азы, фæлæ ныридæгæн хъусын кæнынц экономикон æгъдауæй Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны иумиаг проектмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы баласыны тыххæй.