Тæргæйтты мæйы 15-æм бон ацыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ.
Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд хуымгæнæны мæйы 4-5 бонтæм снысангонд Женевæйы дискусситы 60-æм раунды фæтк æмæ куыстыл.
Нысангонд æрцыд, уæвæг регионалон æдасдзинады уавæры Женевæйы дискусситæ кæй сты регионы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны ахсджиаг иуæг.