Заявления МИД РЮО

Archive

2011 азы 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты уагъд цæуынц мысæн мадзæлттæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл æртæ азы сæххæсты сæраппонд.

2011 азы 29июлы АИШ Сенат райста резолюци «Сенаты ахаст Гуырдзыстоны чи цæуы,уыцы территориалон æнæхъæндзинад æмæ суверенитет халындзинад цауты тыххæй»,кæцы сиды «Гуырдзыстоны территорилон æнæхъæндзинад æмæ хæдбардзинадæн аргъ кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ» æмæ æвзæрыл нымайы Уæрæсейы архайд,цыма йынуый халы йæ æнæхъæндзинад.

2011 азы 18 æмæ 19 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къозы хъæумæ хæстæг æрцахстæуыдис Гуырдзыстоны дæс æмбæстæджы, кæцытæ фехæлдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæныл ахизыны режим. Семæ ныртæккæ хуссарирыстойнаг æмбæлон службæты кæнынц слестгæнæн куыст æмæ куы фæуой, уæд æрмæджытæ æрвыст æрцæудзысты тæрхондонмæ.

2008 азы августы хæсты рæстæджы хæстон архайдтыты фæстæ цалдæр къуырийы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнгæрон æбæрæг сæфт фесты республикæ Хусср Ирыстоны сабыр цæрæг авд æмбæстаджы. Æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон æхсæн уыдысты æнæхъом ирон æмбæстæгтæ дæр.

Майрæмбоны 2011 азы 15 апрелы Берлины НАТО-Гуырдзыстоны къамисы рабадты ист æрцыдис Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинады фарс рахæцыны тыххæй, афтæ ма йæ территорийы дунеон мониторингы æнæмæнгхъæуындзинад, «Хуссар Ирыстон æмæ дзы Абхазы дæр бакæнгæйæ».

2011 азы 11апрелæй 15 апрелмæ Страсбургы уагъд цæудзæнис Европайы Цæдисы Парламентон Ассмблейы(ЕЦПА) уалдзыгон сессии. Уым æндæр темæтимæ иумæ плангонд цæуы, Гуырдзыстон, куыд ацы авторитетон дунеон организацийы уæнг, афтæ йæ хæстæ куыд æххæст кæны, уыцы фарстыл æруынаффæ кæнын.

Уымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ЕЦПА уæнгты хъусдард здахы уымæ æмæ Гуырдзыстон демонстративонæй кæй ницæмæ дары йæхимæ цы дунеон хæстæ райста, уыдон. Афтæмæй та сæ сæххæст кæнын уыдис ацы бæстæйы Европæйон Цæдисмæ цæй тыххæй райстой, уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты дыууынæм азы фæдыл

2010 азы 20 сентябры ирон адæмы историйы нысан цæуы зынгæ цауы бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты дыууынæм азы Бон.

Лигъдæтты тыххæй БНО Генералон Ассамблея цы резолюции райста, уый фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстон суанг 90-æм азты райдианæй фæстæмæ у сыхаг Гуырдзыстонимæ йæ ахастытæ сабыр æгъдауæй æрбæстон кæныны æмæ гуырдзиаг-ирон конфликты фæстиуæгæн лигъдонтæ æмæ æвæндонæй ацæуджыты проблемæтæ дунеон нормæтæм гæсгæ рæстагонæй аскъуыддзаг кæныны фарс.

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл дыууæ азы сæххæсты сæраппонд 2010 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцæудзысты бæрæгбонон мадзæлттæ.

2008 азы 26 август, Республикæ Хуссар Ирыстоны, дзырд дæр ыл нæй, ссис хъысмæтскъуыддзаггæнæг нымæцы агъоммæ ирон адæмы историйы уыдис сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад райсыны сæрыл тохы дыууын азы закъонбæрцон фæстиуæг.

Хæларзæрдæйы уавæрты Уæрæсейы ‘рдыгæй фарс Хуссар Ирыстоны территоримæ ракодта Перевийы хъæумæ ‘ввахс ын чи уыдис (РХИ æмæ Гуырдзыстоны ныгуылæн арæн), йæ уыцы арæнхъахъхъæнæг посты. Уымæ цæттæгонд цыдис серьезон æгъдауæй. Уæрæсейы Æуасдзинады федералон службæйы хаххыл хæххон, зынбафтæн кæдæм у, уырдæм арæзт æрцыдис, йæ даргъ 10 километры кæмæн у, ахæм иувæрсты ахизæн фæндаг. Уый Карзманы комы иу кæны Хуссар Ирыстоны иннæ территориимæ æмæ ахсджиаг у бынæттон цæрæг ирæтты ифтонг кæнынæн.

2010 азы 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны фыдмион агрессийыл дыууæ азы сæххæсты охыл зæрдылдарæн мадзæлттæ.