Новости

Archive

2013 азы 20 августы Абхазы Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Боциты Олег Республикæ Абхазы Президент Александр Анквабмæ радта æууæнчы грамота.

Александр Анкваб ын раарфæ кодта бынаты урæд кæй æрцыдис, уый тыххæй æмæ йын загъта йæ куысты йын æнтыстытæ цæмæй уа, ахæм фæндиæгтæ. Боциты Олег йæхи рады загъта, æппæт тыхтæ дæр кæй здахдзæнис дыууæ æфсымæрон адæмты – Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ‘хсæн ахастытæ дарддæр рæзын кæнынмæ.

Цхинвал, 2013 азы 20 август

 

2013 азы 16 августы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид фембæлдис Хуссар Ирыстонæй Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) ахуыр кæнынмæ æрвыст чи æрцыдысты, уыцы студенттимæ.

Санахъоты Давид раарфæ кодта студенттæн фæлварæнтæ æнтысгæйæ кæй радтой, уый сæраппонд æмæ сын бузныг загъта сæ иузæрдион ахуыры тыххæй. Студенттæ дæр сæхи рады дзырдæй университеты ахуыр кæнгæйæ, сæ тæлмæнтыл, дзырдтой сæхи тыххæй, цы аразынц, цæмæ цымыдис кæнынц, сæ проблемæтыл æмæ сæм сомбоны цы плантæ ис, уыдæттыл.

2013 азы 10 августы Гуырдзыстоны мидæггагон хъуыддæгты министрады полицийы автомашинæ Евроцæдисы цæстдарджыты миссийы цæстыты раз æрбахызтис РХИ Цхинвалы районы Арцеуы цæрæн пункты территоримæ Гуырдзыстонимæ æмарæн паддзахадон арæны сæрты. Кæд дзы цалдæр хаты домдтой, цæмæй ныуагътаит РХИ территори æмæ аздæхтаит фæстæмæ,уæддæр сын фæстиуæг нæ уыдис, ницæмæ сæ дардта. РХИ Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы бахъуыдис уæлдæфы фæдзæхстæн æхст фæкæнын æмæ æрмæстдæр уый фæстæ арæнхалджытæ Гуырдзыстоны территоримæ аздæхтысты.

2013 азы 9-æм августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. фембæлдис Итали-Хуссар Ирыстоны хæлардзинады Æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиайы сæргълæудæй Италийы делегацийыл.

Уазджытæн æгасцуат зæгъыны фæстæ Санахъоты Давид банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонимæ Италийы минæвæртты контакттæн ис стыр нысаниуæг æмæ ныфсдзинад загъта ацы бастдзинæдтæ дарддæр дæр кæй уæрæхдæр æмæ фидардæр кæндзысты, афтæ ма ахъаз кæндзысты Республикæйæн дунеон изоляцийæ рахизынæн.

Æхсæвы 7-æм августæй 8-æм августмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварады уагъд æрцыдыстызæрдылдарæн мадзæлттæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг хотыхджын агрессийыл фондзазы сæххæсты цытæн. РХИ Минæварады Приднестровьейы Сæргълæууæг Сергей Сураго йе’мкусджытæ æмæ тираспойлæгтæ, кæд рæгмæ уыдис, уæддæр æрæмбырд сты, цæмæй ссардтаиккой Цхинвалы сабыр цæрджытæй æмæ йæ хъахъхъæнджытæй мард чи фесты, уыдоны рухс нæмттæ.

2013 азы 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты зæрдылдарæн мадзæлттæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл фондз азы сæххæсты боны цытæн.

РХИ Гуырдзыстоны хотыхджын агресситыл фондз азы сæххæсты охыл

22 азы дæргъы Хуссар Ирыстон уæвынад кæны куыд хæдбар паддзахад, афтæ. Ацы рæстæджы дæргъы Хуссар Ирыстоны адæм баййæфтой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æртæ тугкалæн хæсты. Гуырдзиаг абырæгон къордтæ æмæ регулярон æфсад зæххы ‘мвæд скодтой дæсгай ирон хъæуты, фæдфæбылонæй ирон цæрджытæм ахасты æххæст кодтой геноциды акттæ канд Хуссар Ирыстоны территорийыл нæ фæлæ ма Гуырдзыстонæн йæхи мидæг дæр.

- 8 августы Хуссар Ирыстон нысан кæндзæнис Гуырдзыстоны агрессийы райдианы фондз азы бæрæгбон. Уыцы фондз азыл цæст ахæсгæйæ, гæнæн ис æмæ зæгъæм, хæстæй фервæзынæн гæнæн уыдис зæгъгæ?

2013 азы 1 августы, мысæн æмæ фыдохы боны Тирасполы уагъд æрцыдысты саударæн мадзæлттæ, Днестрыл республикæ хъахъхъæнгæйæ гарзджын конфликты рæстæджы фæмардуæвджыты цытæн. Традицимæ гæсгæ Кады Мемориалыл уагъд æрцыдис митинг-реквием æмæ йыл сæвæрдтой дидинджытæ. Митингы хайад истой Хицауады Сæрдар æмæ уæнгтæ, Сæйраг Советы Сæрдар æмæ депутаттæ, Президенты Администрацийы минæвæрттæ, министрадтæ æмæ уагдæтты къухдариуæггæнджытæ, афтæ ма æхсæнадон æмæ патриотикон организацитæ.

30 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид йæхимæ райста Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Цхинвалы офисы Сæргълæууæг Валентина Кимы.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис Сырх Дзуары Дунеон Комитеты архайды фарстаты фæдыл Хуссар Ирыстоны, сæрмагондæй æхсин Ким министрæн информаци радта фæстаг мæйты йæ организаци цы куыст кодта, уый тыххæй. Кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой, дыууæтæ дæр кæмæ цымыдис кæнынц, къорд ахæм фарстаты фæдыл.

Гуырдзыстон æмæ йæ ныгуылæйнаг спонсортæ сæ ныфс нæ сæттынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы, сæ «хæдбардзинад сын нæ банымайгæйæ, сæхимæ басайыныл», сæ хæдбардзинад сын нымæг кæнынæй. Евроцæдисимæ Гуырдзыстоны ахастыты сæраппонд Батумы цы конференци уыдис, уым Евроцæдисы Æттагон архайды Службæйы минæвар Гунар Виганд йæ раныхасы раразмæ кодта ахæм инициативæ, зæгъгæ, Брюссель æмæ Тбилисы ‘хсæн сæрибарæй базар кæныны тыххæй къухæрфыссынмæ цы ассоциаци цæттæ цæуы, уый иу хай хъуамæ апарахатгонд æрцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Абхазыл.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 24-æм раунды фæдыл

2013 азы 25-26 июны Женевæйы дунеон дискусситы фæлгæтты уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады радон раунд. Уым хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.