Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары хайадисты тыххæй Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты фæдыл тымбыл фынджы куысты

Круглый стол, посвященный выборам Президента России

Тæргæйтты мæйы 11-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты фæдыл тымбыл фынджы куысты, кæцы сорганизаци кодта Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитет.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны политиктæ, политикон партиты раздзогтæ, æхсæнадон архайджытæ, политологтæ æмæ эксперттæ.

Хайадисджытæ æрдзырдтой Сæрмагонд хæстон операцийы контексты Уæрæсейы Президенты æрцæугæ æвзæрстытæ æмæ бирæполярон дунейы тыххæй тохы фæдыл, РХИ-йы суверенитет хъахъхъæныны хъуыддаджы Владимир Путины политикæйы нысаниуæгыл, афтæмæй ма хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытыл историон цæстæнгасы.

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 11-æм бон

11.03.2024