2023 азы сæйраг æддагполитикон хатдзæгтæ

МИД Южной Осетии

2023 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ РХИ-йы ФХъМ-йы фæсарæйнаг уагдæттæ сæ хæслæвæрдтæм гæсгæ дарддæр кодтой сæ куыст Хуссар Ирыстоны интерестæ æхсæнадæмон аренæйы хъахъхъæнын æмæ размæ кæнын, Хуссар Ирыстонæн дипломатон ахастытæ цы паддзахадтимæ ис, уыдонимæ æмгуыстад фидар кæнын, афтæмæй ма æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фадгуыты. Министрад хайад иста Республикæ Хуссар Ирыстонмæ фæсарæйнаг делегациты балцыты æмæ хуссарирыстойнаг делегациты балцыты фæсарæйнаг бæстæтæм бацæттæ æмæ ауадзыны куысты, уагъта консулон куыст Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Республикæйы æдде чи ис, уыдон фарстытæ скъуыддзаг кæныны фæдыл.

Мидполитикон цаутæ

2023 азы Республикæ Хуссар Ирыстон банысан кодта дыууæ ахсджиаг бон: майрæмты мæйы 8-æм бон – Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ 15 азы рацыд, майрæмты мæйы 26-æм бон – Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыд.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ 15 азы рацыды фæдыл мысæн мадзæлттæ ацыдысты Республикæйы, афтæмæй ма Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæйнаг уагдæтты, уыцы бонты трагикон цаутæ мысыдысты хæларадон паддзахадты дæр.

Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады фæдыл бæрæгбонмæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты 20 официалон делегацийæ фылдæр Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр хæларадон бæстæтæй.

Бæрæгбонон мадзæлттæ бабæрæг кодтой делегацитæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советæй, Никарагуа, Приднестровье, Абхази, Турк, Цæгат Ирыстон, Цæгат Кавказы æндæр Республикæтæ, Донецкы Адæмон Республикæ, Луганскы Адæмон Республикæ, Хъырым æмæ æндæр бæстæтæй. Уæрæсейы Федерацийы делегацийы сæргъ лæууыд Федерацийы Советы æхсæнадæмон хъуыддæгты Комитеты Сæрдар Григорий Карасин.

Цытджын мадзæлтты фæлгæтты ацыд Хуссар Ирыстон æмæ РЦИ-Аланийы Парламентты ‘хсæн Æмгуыстады фæдыл Бадзырд бафыссыны церемони.

Хъæуы банысан кæнын уый, æмæ 2023 азы тæргæйтты мæйы рацыд 30 азы Цæгат-Ирыстойнаг ССР-йы Уæлдæр Совет Республикæ Хуссар Ирыстон банымайыны фæдыл уынаффæ цы бон райста, уымæй. 1993 азы тæргæйтты мæйы 6-æм бон ист уынаффæйæн уыд стыр нысаниуæг ирон адæмы иудзинад равдисынæн, æмæ фæстæдæр та ахъаз фæцис, цæмæй Уæрæсейы Федераци банымайа Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан Ныстуанимæ æрсидт Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм æмæ Парламентмæ. Æддагон политикæйы хайы Президент банысан кодта, зæгъгæ, Республикæйæн фидарæй бæрæг сты æддагполитикон приоритеттæ – уый Уæрæсейы Федераци, кæцы у Хуссар Ирыстоны сæйраг цæдисон. Президент ма банысан кодта, Донбассы цæрджыты бахъахъхъæнынæн Уæрæсейы Федераци цы уынаффæ рахаста сæрмагонд хæстон операци ауадзынæн, уый æвварс фыццаг бонæй фæстæмæ кæй у Республикæ Хуссар Ирыстон, æмæ Ирыстоны хæстонтæ уæрæсейаг солдаттимæ иумæ слæууыдысты украинаг неонацизмы ныхмæ тохы.

Уæрæсе

Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы сæйраг здæхт уыдис æмæ у Уæрæсейы Федерациимæ хæларадон ахастыты æмæ интеграцион процессты райрæзт, размæдзыд.

Дунейы хæстон-политикон æндыгъддзинады уавæры Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федераци у йæ æдасдзинад бахъахъхъæныны иунæг гарант æмæ йæ сæйраг стратегион партнеримæ дарддæр ахастытæ фидар кæндзæн.

Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæ арæзт сты фидар бадзырдон-барадон бындурыл, кæцыйы ис 130 бадзырд, фидыд, суагъæйæ фылдæр. Уыдонæн ис æхсæнпаддзахадон, æхсæнхицауадон æмæ æхсæнуагдонон хуыз æмæ æххæссынц æмархайды алы фадыгыл дæр. Уымæ ‘нæкæсгæйæ, бадзырдон-барадон бындур хуыздæр кæныны фæдыл куыст дарддæр цæуы.

Сæрмагондæй, 2023 азы уæрæсейаг фарсимæ бафыстгонд æрцыдысты 13 дывæрсон документы алыхуызон æмвæзадыл.

Уæрæсе æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны райрæзтæн суверенон демократон паддзахады хуызы, ахъаз у йе ‘дасдзинадæн, социалон-экономикон райрæзтæн (Инвестицион программæйы фæлгæтты).

2023 азы Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы хайадистимæ ацыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы (ÆХК) дыууæ рабадты: XXI рабадт Мæскуыйы æмæ XXII рабадт Цхинвалы.

Ӕмтгæй райсгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæ размæ цæуынц æмæ сæ ис апп, мидис. Уæрæсейы Федераци уыдис æмæ у Хуссар Ирыстоны ныфсджын æмцæдисон, регионы сабырад æмæ æдасдзинады гарант.

Тæргæйтты мæйы 31-æм бон Уæрæсейы Президент Владимир Путин бафыста «Уæрæсейы Федерацийы æддагон политикæйы Концепци сфидар кæныны фæдыл» Барамынд. Сæрмагондæй, Концепцийы дзырдæуы Республикæ Абхазы, Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæтварсон æххуысы æмæ ацы паддзахадты адæм кæй равзæрстой, цæмæй Уæрæсеимæ интеграци фæарфдæр уа, уымæн ахъаз кæныны фæдыл.

2023 азы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл, афтæмæй ма дыууæ паддзахады ‘хсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл Бадзырд бафыссыныл сæххæст ис 15 азы.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй 15 азы рацыды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров арвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ. Афтæмæй ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетимæ иумæ ауагъта тымбыл фынг «Хуссар Ирыстон – Уæрæсе: 15 азы дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй».

Тæргæйтты мæйы 16-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины фембæлд, кæцыйы рæстæджы Владимир Путин банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæн кæй ис сæрмагонд здæхт. Дыууæ бæстæйы сæргълæууæджы æрдзырдтой дывæрсон æмгуыстады ныры уавæр æмæ йæ дарддæры райрæзтыл, фыццаджыдæр, социалон-экономикон фадыджы.

Майрæмты мæйы 25-æм бон, Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымады бæрæгбоны хæдразмæ, Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советы Сæрдары Хæдивæг Дмитрий Медведевы фембæлд. Дмитрий Медведев банысан кодта, 2008 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл уынаффæйы райст æнцон кæй нæ уыд, фæлæ уымæй хъахъхъæд кæй æрцыдысты Республикæты цæрджыты цард æмæ æнæниздзинад.

Кæфты мæйы 3-æм боны Сочийы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд. Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар. Æрдзырдæуыд дывæрсон ахастыты регионалон æмæ æхсæнадæмон уæрæх фарстытыл. Регионалон æдасдзинады фадыджы уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Женевæйы дискусситы фæлгæтты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл темæмæ.

Уæрæсейы регионтимæ æмархайд

Майрæмты мæйы Петербурджы æхсæнадæмон экономикон форумы (ПÆЭФ) фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Ленинграды облæсты Хицауады ‘хсæн базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ социалон-культурон фадгуыты æмгуыстады фæдыл Бадзырды бафыст.

ПÆЭФ-йы фæлгæтты ма ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы фембæлд Ленинграды облæсты Губернатор Александр Дрозденко æмæ Омскы облæсты Губернатор Виталий Хоценкоимæ фембæлд.

Тæргæйтты мæйы Хуссар Ирыстоны ацыдысты Цæцæйнаг Республикæйы Культурæйы бонтæ, зæрдæвæрæны мæйы та Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ Цæцæйнаг Республикæйы.

Дарддæр цæуы æнгом æхсæнпарламентон æмгуыстад. Кæфты мæйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Аланы фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинимæ. Бафыстгонд æрцыд Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы ‘хсæн æмгуыстады фæдыл Фидыд, кæцы ахъаз уыдзæн дывæрсон æмгуыстады размæдзыдæн.

Цыппурсы мæйы 12-13 бонты Мæскуыйы Хуссар Ирыстоны парламентон делегаци хайад райста IV Æхсæнадæмон конференци «Роль взаимодействия фракций политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ»-йы, кæцы ацыд Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы.

Цыппурсы мæйы 19-æм бон ма Мæскуыйы Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци æдзухон цæстдарджыты хуызы хайад райста Беларусь æмæ Уæрæсейы Цæдисы Парламентон Æмбырыды 65-æм сессийы куысты.

2023 азы ацыд Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг иумæйаг демаркацион къамисы дыууæ рабадты: хурхæтæны мæйы 5-9 бонты Цхинвалы ацыд Къамисы Æстæм рабадт æмæ рухæны мæйы 26-29-æм бонты Мæскуыйы ацыд Къамисы Фарастæм рабадт.

Уæрæсейы сæйрагдæр дипломатон Уæлдæр ахуыргæнæндæттæ (МГИМО(У) æмæ Уæрæсейы ФХъМ ДА) æрвылаз дæр специалисттæ бацæттæ кæныны, афтæмæй ма Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы дипломатон кусджыты профессионалон фадыджы зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæныны хъуыддаджы сты Хуссар Ирыстоны фарсмæ.

Сусæны мæйы 11-15 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ хайад райстой Евразийы бæстæты Æвзонг дипломатты форумы, кæцы ацыд фестиваль «Манжерок»-ы фæлгæтты Хæххон-Алтайскы.

Майрæмты мæйы 17-21 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ хайад райстой VI глобалон форум «Ног бирæполярон дунейы дипломати»-йы, кæцы ацыд Казаны.

Рухæны мæйы 25-æм бонæй кæфты мæйы 7-æм бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Мæскуыйы Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы рацыдысты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ ахæм темæйыл: «Æхсæнадæмон ахастытæ.Уæрæсейы æддагон политикæ». 

Цыппурсы мæйы 4-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХъМ) Дипломатон академийы Мæскуыйы рацыдысты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ. «ФХъМ-йы пресс-службæйы организаци», зæгъгæ, ахæм курсытæ фæсарæйнаг дипломаттæн уагъд æрцыдысты фыццаг хатт æмæ сæ бацæттæ кодтой Уæрæсейы ФХъМ-йы Информаци æмæ мыхуыры департаментимæ иумæ.

Гуырдзыстон

Æддагон фадыджы Хуссар Ирыстоны æмæ æмтгæй райсгæйæ регионы национ æдасдзинады сæйраг тæссагдзинад у Гуырдзыстонимæ ахастытæ бæстон кæй не сты æмæ йе ‘нæразыдзинад тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ æрфыссын.

Ныртæккæ Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнгæрон Гуырдзыйы территорийыл уавæр у сабыр. Фæлæ джеоргуыбайы мæйы 6-æм бон гуырдзиаг фарс сарæзта провокаци Ленингоры районы хъæу Æмдзаринмæ хæстæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны арæны сæрты рахизджыты ‘рцахсыны рæстæджы æрцыд цау, кæцыйы фæстиуæгæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй иу фæцæф æмæ фæстæдæр фæмард, ноджы иу æрцыд ахст. Уæлдæр фæнысангонд Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ хæдтулгæйыл æнæзакъонæй рахызтысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны сæрты, уыдонæн сæ фæнд уыд территоримæ мидæмæ бацæуын, фæлæ сæ арæнхъахъхъæнджытæ сбæрæг кодтой. Цыд æруромыны домæнтæ æмæ хæцæнгарзæй спайда кæныны фæдыл фæдзæхстытæм сæ хъус нæ дардтой, арæнхъахъхъæнæн службæйы хæстонты ‘рдæм æвдыстой агресси, уымæй сын сæвзæрын кодтой тæссагдзинад сæ цард æмæ æнæниздзинадæн.

Официалон Тбилисы не сты разы уæвæг æцæгдзинадтыл, фыццаджыдæр, Гуырдзыстоны арæн кæй фæуд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хахх кæуылтыл цæуы, уым. Республикæ Хуссар Ирыстоны уыцы ‘нæразыдзинады комкоммæ фæстиуæгыл нымайынц æрцæугæ цау. Ахæм позицийы фæстиуджытæ свæййынц Хуссар Ирыстоны территорийыл æнæзакъонæй уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ‘рцахст. Ацы факттæ гуырдзиаг минæвæрттæ æхсæнадæмон æмвæзадыл рæгъмæ хæссынц афтæхуыйнæг «нæзакъонæй давдтыты» хуызы, уый официалон Тбилисы хъуыдымæ гæсгæ дзуапп дæтты дунеон æмæхсæнадæн æнæуæвæг «Гуырдзыстоны территорийы хайы оккупаци»-йы хъарынæн.

Уый фæдыл Министрад рæстæгæй-рæстæгмæ дæтты комментаритæ, кæцыты сиды паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг куыст райдайынмæ, цæмæй куыд æмбæлы, ахæм фæткмæ гæсгæ уа фадат йæ сæрты рахизынæн. 

Хъæуы банысан кæнын уый, æмæ Уæрæсейы ныхмæ бæстæты коалицимæ æрбаиу кæныны, санкциты баконд æмæ бæлвырд уавæрты «дыккаг фронты баконд»-ы домæнтæ хынцгæйæ, Гуырдзыстоны ныры къухдариуæгадыл ис фидар æндæвдад куыд мидæггагон радикалон оппозицийы, афтæ æдде, афтæхуыйнæг «Гуырдзыстоны хæлæртты» фарсæрдыгæй. Нырма гуырдзыстоны къухдариуæгадæн æнтысы æрхъуыдыджын æддагон политикæ уадзын.

Хуссар Ирыстоны æргомзæрдæйæ ныфс ис, Гуырдзыстоны ныры политикон æмæ хæстон къухдариуæгад кæй нæ бауаддзæн æвирхъау фæстиуджытæм чи æркæна, уыцы хъаргæ сценариты сæххæст. Дарддæр дарæм нæ хъус сыхаг Гуырдзыстоны мидполитикон уавæрмæ æмæ, уæрæсейаг æмæ абхазаг коллегæтимæ æнгом бастдзинады уæвгæйæ, бæрæг кæнæм гæнæнуæвæг тæссагдзинад.

Абхаз, Приднестровье

Æфсымæрон республикæтæ – Республикæ Абхаз æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæимæ бастдзинæдтæ фидар кæныны фæдыл куыст дарддæр кодта.

Ам хъæуы банысан кæнын Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегацийы хайадист Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады бонæй 30 азы рацыды цытæн бæрæгбонон мадзæлтты. Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды уыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.

Балцы фæлгæтты Сухумы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжанияйы фембæлд.

Афтæмæй ма ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы фембæлд.

1922-1933 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæйы 30 азы рацыды цытæн Сухумы Сæрибары фæзуаты ацыд хæстон парад, кæцыйы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады Тырысахæссæг къорд æмæ сæрмагонд нысаниуæджы батальон.

Раздæр зæрдæвæрæны мæйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары официалон балц Республикæ Абхазмæ, кæцыйы фæлгæтты хайад райста Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтыл 30 азы сæххæсты фæдыл цытджын мадзæлтты æмæ форум «Global Abkhazia»-йы.

Балцы фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбаимæ, кæцыйы рæстæджы æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг-абхазаг хæларадон ахастыты дарддæры райрæзтыл.

Хуымгæнæны мæйы 25-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Алхас Квициниаимæ.

2023 азы культурæ æмæ аивады фадыджы æмгуыстады фæлгæтты ацыдысты Абхазы Культурæйы бонтæ Хуссар Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ Абхазы.

Ӕртхъирӕны мӕйы 10-æм бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар видеоконференцийы хуызы хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Коллегийы дзуапдӕттӕн рабадты, кæцы уагъд ӕрцыд Дипломатон кусӕджы боны цытӕн.

Æртхъирæны мæйы 24-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар телефоны ныхас кодта Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевимæ. Ныхас цыд дывæрсон æмгуысткæнынады актуалон фарстытыл, нысангонд æрцыд хуссарирыстойнаг-приднестроваг ахастыты дарддæры райрæзты ахсджиагдзинад. Дыууæ фарсыл дæр бандæвта Приднестроваг Молдаваг Республикæйы алыварс уавæр æндыгъд кæй кæны, уый. Уæвæг баныхасты формат æнæмæнгæй хынцыны æмæ 
фарстытæ сабырадон фæрæзтæй скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы хæст сты иу хъуыдыйыл. Нысангонд æрцыд молдо-приднестроваг уавæр æрбæстон кæнынæн Уæрæсейы Федераци цы сабырадон хæс æххæст кæны, уый. Хуссар Ирыстоны сты Приднестроваг Молдаваг Республикæйы хицауады архайды ‘вварс, кæцы здæхт у бæстæйы сабырдзинад бахъахъхъæнынмæ.  

Зæрдæвæрæны мæйы 7-æм бон Стыр Уæлахизы 78-æм азы боны хæдразмæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы сывæллæтты командæты ‘хсæн ацыдысты тагъд шахмæттæй хъæзтытæ. Уагъд æрцыдысты Абхазы, Хуссар Ирыстоны, Приднестровьейы сывæллæтты командæты æхсæнадæмон онлайн-турниры фæлгæтты. Онлайн-турнир ацыд Приднестровьейы Официалон Минæварады Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы Официалон Минæварады Приднестровьейы хъæппæрисæй.

Майрæмты мæйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сæйраг æддагполитикон управленийы сæрдар Дмитрий Паламарчукимæ, кæцы делегацийы сæргъ æрцыд Цхинвалмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды фæдыл мадзæлттæм.

НикарагуаВенесуэлæ, НауруТувалу

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой паддзахадтæ, кæцытæ географион æгъдауæй сты дард (НикарагуаВенесуэлæ, НауруТувалу), уый зын кæны æмахастыты райрæзт æмæ размæдзыдæнфæлæ уыцы зындзинадмæ ‘нæкæсгæйæ, цæуы куыст дипломати æмæ культурон бастдзинæдты æмвæзадыл.

2023 азы Республикæ банысан кодта Никарагуайы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды бæрæгбон. Уый цытæн Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы студентон клуб «Аполлон»-ы минæвæрттæ схызтысты хох Джермугъмæ (3193 м.), кæцы ис Хуссар Ирыстоны, Тлигомы.

Кæфты мæйы 20-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияимæ. Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг-никарагуайаг хæларадон ахастыты дарддæры райрæзты фарстытыл.

Афтæмæй ма хуымгæнæны мæйы 21-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияйы фембæлд, кæцыйы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим.

Майрæмты мæйы Санкт-Петербурджы Æхсæнадæмон Экономикон форумы (ПÆЭФ) фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы фембæлд Республикæ Никарагуайы делегациимæ Президенты Уынаффæгæнæг, Республикæ Никарагуайы Президенты Сæрмагонд Минæвар Уæрæсейы Федерациимæ æмархайды Лауреано Факундо Ортега Мурильойы сæргълæудæй.

Сусæны мæйы 19-æм бон Манагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим хайад райста Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 44 азы рацыды фæдыл цытджын мадзæлтты. Козаты Нарим Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта националон бæрæгбоны фæдыл æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæм æмæ къухдариуæгад кæй сты Никарагуаимæ ахастыты дарддæры размæдзыды ‘вварс.

Сандинистон революцийы фæуæлахизы цытæн мадзæлтты фæлгæтты ацыд Козаты Наримы фембæлд Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Арлетт Маренкоимæ.

Майрæмты мæйы 25-æм бон Республикæ Никарагуайы делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Монкада Колиндресы сæргълæудæй æрцыд Цхинвалмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ.

Цыппурсы мæйы 13-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта Республикæ Никарагуа æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 79 азы рацыды цытæн бæрæгбонон мадзал, кæцы ацыд Мæскуыйы. Мадзалы фæлгæтты ацыд Министры фембæлд Республикæ Никарагуайы Президенты Уынаффæгæнæг инвестицитæ, базарад æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады фарстыты фæдыл Лауреано Ортега Мурильоимæ.

Цыппурсы мæйы 22-æм бон ацыд Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы сывæллæтты шахмæтты командæты онлайн-турнир тагъд шахмæттæй. Онлайн-турнир уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъæппæрисæй. Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы минæвæрттæ равдыстой сæ разыдзинад ахæм ерыстæ дарддæр кæныны фæдыл. 

2023 азы Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты ног Министр ссис Иван Хиль Пинто. Уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг, цыран стыр аргъ скодта уагдæтты ‘хсæн ныффидаргонд ахастыты æмвæзадæн æмæ равдыста йæ разыдзинад дыууæ бæстæ æмæ адæмы хæрзиуæгæн конструктивон диалоджы размæдзыды хъуыддаджы.

Венесуэлæйы Президент Уго Чавесы мæлæтæй 10 азы рацыды охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ныммыхуыр кодта пресс-релиз, цыран, сæрмагондæй, банысан кодта, Хуссар Ирыстоны команданте Чавесмæ алыхатт дæр кæй дардтой уæлдай хорз ахаст национ интерестæ хъахъхъæныны хъуыддаджы йæ фидар позицийы, Хуссар Ирыстоны æмæ йæ адæмы ‘вварс кæй уыд, уый фæдыл.

Хуымгæнæны мæйы 25-æм бон Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ. Фембæлды рæстæджы дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн ахастыты райрæзтыл æмæ бадзырдтой иумæйаг фарстыты фæдыл дарддæры æмгуысткæнынадыл.

Цыппурсы мæйы 16-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Науруйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй рацыд 14 азы, уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты базарад æмæ финансты министрадмæ.

Сири

2023 азы бæрæг цыд Сириаг Араббаг Республикæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 5 азы рацыд æмæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн дипломатон ахасытæ сфидар кæнынæй 5 азы рацыд.

Ацы ахсджиаг боны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæджытæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Башар Джаафаримæ.

Æртхъирæны мæйы 10-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Сириаг Араббаг Республикæйы Минæварад Уæрæсейы Федерацийы сириаг адæмæн зæххæнкъуысты æмæ йе ‘вирхъау фæстиуджыты фæдыл мæсæллæй ракæныны тыххæй, афтæмæй ма сæвæрдта дидинтæ Минæварады размæ.

Сирийы зæххæнкъуысты æвирхъау фæстиуджыты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста мæсæллæйы нотæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ.

Æртхъирæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар тæфæрфæстæ ракодта Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадæн Сирийы территори ракетон цæфтæ кæй æрцыд, уыцы трагикон фæстиуджыты тыххæй.

Хуымгæнæны мæйы 20-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафарийы фембæлд. Цхинвал æмæ Дамаскы ‘хсæн цæмæй дывæрсон æмгуыстад арфдæр кæна æмæ æмархайд цæуа алыхуызон æмвæзадтыл, æппæт уыцы актуалон фарстытыл æрдзырдæуыд ныхасы рæстæджы.

Афтæмæй ма Кæфты мæйы 18-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсары фембæлд Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафариимæ. Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Цхинвал æмæ Дамаскы ‘хсæн алыхуызон æмвæзадтыл æмархайд æмæ æмгуыстады размæдзыды фарстытыл. Æввахс Скæсæны æндыгъддзинад хынцгæйæ, уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Сирийы æмæ йæ алыварс уавæрмæ. 

Кæфты мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста мæсæллæйы нотæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æмбæстæгты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Хомсы террористон акты охыл.

Кæфты мæйы 12-æм бон Израилы Хæстон-уæлдæфон тыхтæ фæцæф кодтой Сириаг Араббаг Республикæйы территори, кæцыйы фæстиуæгæн бахъыгдард сты Дамаск æмæ Алеппойы æхсæнадæмон аэропортты фæндæгтæ. Газæйы Секторы æмæ æмтгæй сисгæйæ палестинаг-израилаг ахастыты æндыгъд уавæрæн абоны бон ис æвирхъау фæстиуджытæ, фæмард сты бирæ адæм, уыдоны нымæцы бынæттон цæрджытæ дæр. Уый фæдыл Министрады комментарийы нысангонд æрцыд, сыхаг паддзахадты инфраструктурæйыл авиацæфтæ тæссаг кæй сты регионы æндыгъд уавæр ноджы февзæрдæр кæнынæн.

Министрад кусы Сириаг Араббаг Республикæимæ ахастытæ уæрæхдæр кæныны æмæ бадзырдон-барадон бындуры размæдзыды фарстытыл.

Æхсæнадæмон бастдзинæдты уæрæхкæнынад

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дарддæр кодта хæларадон бæстæтимæ ахастытæ уæрæх кæнын, бастдзинæдты размæдзыд, алыхуызон æмвæзадтыл фембæлдтытæ аразыны фæдыл куыст.

Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисон паддзахадимæ ахастытæ сфидар кæнын у Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг здæхтытæй иу. Республикæ Хуссар Ирыстон фидар кæны ахастытæ, фыццаджыдæр, экономикон, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты. Сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны Парламент у 2008 азæй фæстæмæ Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисы Парламентон æмбырды æдзухон цæстдарæг.

Хурхæтæны мæйы 22-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр хайад райстой Бресты (Беларусь) ацæугæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты Æппæтдунеон мысæн боны æмæ белоруссаг адæмы геноциды охыл мадзæлтты. Хуссар Ирыстоны адæмы номæй мемориалон комплекс «Бресты гæнах-хъайтар»-ы Æнусон артмæ сæвæрдæуыд дидинтæ.

Афтæмæй ма Джиоты Æхсар æмæ Гасситы Знауыр хайад райстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ Бресты (Беларусь) белоруссаг адæмы геноциды амæттæгты Æппæтадæмон мысæн боны охыл тымбыл фынджы куысты, кæцы ацыд ахæм форматы, куыд «Минск- Брест- Мæскуы». Тымбыл фынджы фæлгæтты ацыд «Æмцæдисон паддзахады библиотекæ», зæгъгæ, ахæм серийæ чиныг «Æмгъуыд сын нæй»-ы презентаци, кæцыйы бындурмæ бацыдысты Уæрæсе æмæ Беларусы фæдагурджытæ цы æрмæг æрæмбырд кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты советон адæмы массон æгъдауæй цагъды тыххæй, æппæт уыцы цаутæ.

Кæфты мæйы 18-æм бон æмæ цыппурсы мæйы 15-æм бон Мæскуыйы ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлдтытæ Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисон паддзахады Паддзахадон секретарь Дмитрий Мезенцевимæ, кæцыты рæстæджы дзырд цыд культурæйы, ахуырады, зонад æмæ спорты фадгуыты æмархайд æмæ æмгуыстадыл, кæдон реализаци кæны Цæдисон паддзахады Æнæивгæ Комитет.

Фæсарæнты диаспорæтимæ куыст

Министрады минæвæрттæ кусынц Республикæ Хуссар Ирыстоны интересты ‘вварс цы бæстæты сты, уым. Ацы куысты уæлдай ахсджиаг у диаспорæтимæ куыст. Абоны бон уал къухты цытæ бафтыд, уыдоны райрæзтыл Министрад дарддæр кæны йæ куыст.

Майрæмты мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурханы æмæ Турчы ирæтты национ-культурон æхсæнад «Алан»-ы  Минæвар Хъуысаты Хайрийы, кæдон æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ. Джиоты Æхсар бахахх кодта, Хуссар Ирыстонæн ирон диаспорæтимæ, уæлдайдæр туркаг ирæттимæ, ахастытæ фидар кæнынæн кæй ис ахсджиаг нысаниуæг. Хуссарирыстойнаг дипломатон уагдоны сæргълæууæг банысан кодта диаспорæ Турчы цы культурон-рухстауæн куыст кæны, уый бæрзонд æмвæзад. Куысты сæйраг здæхт та у мадæлон æвзаг æмæ æгъдæуттæ, афтæмæй ма Хуссар Ирыстонимæ бастдзинæдтæ фидар кæнын.

Сусæны мæйы 31-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радионы. Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Минæвары куысты фæдыл Европæйы ирон диаспорæтимæ, уæлдай хъусдард аздæхтæуыд алыхуызон культурон-рухстауæн проектты дарддæры реализацимæ.

Майрæмты мæйы 18-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радионы. Пухаты Радион радзырдта Президентæн саразгæ куысты, афтæмæй ма БРИКСы бæстæты Ирон культурæйы бонтæ ауадзыны пълæнтты фæдыл.

Цыппурсы мæйы 9-10 бонты Белграды ацыд Европæйы бæстæты уæрæсейаг æмбæстæгты XVI Регионалон конференци «Историческая память, русский язык и культура – основы идентичности российской диаспоры в странах Европы». Конференцийы сæргълæууæг æмæ амонæг, куыд Европæйы Регионалон координацион советы (РКС) Сæргълæууæг, уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радион.

Дыууæ бæстæ æмæ адæмы ‘хсæн хæларад æмæ æмгуыстад фидар кæнынæн ахсджиаг куыст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Италийы Мауро Мурджа.

Хурхæтæны мæйы 1-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Официалон минæвар Австриаг Республикæйы Патрик Поппелы, кæцы æрцыд Цхинвалмæ кусæгон балцы. Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд æмархайды фарстытыл, афтæмæй ма Европæйы æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны дарддæры фадæттыл.

Кæфты мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Официалон Минæвар Австриаг Республикæйы Патрик Поппель бабæрæг кодта Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет, цыран политологи æмæ социологийы кафедрæйы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн бакаст лекци ахæм темæйыл: «Адæмон дипломати куыд нырыккон æхсæнадæмон политикæйы ахсджиаг иуæг».

Сусæны мæйы 7-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурхан Уæрæсейы Генералон Консул Стамбулы Андрей Буравовы хуындæй хайад райста «Уæрæсейы хæлæртты клубы» рабадты Стамбулы. «Уæрæсейы хæлæртты клуб» арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй æмæ йæ сæйраг нысан у уæрæсейаг культурæ апарахат кæнын æмæ адæмыхаттыты ‘хсæн ахастытæ сфидар кæнын. Йæ фарсмæ сты УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Россотрудничество, уæрæсейаг политикон æмæ æхсæнадон организацитæ.

Женевæйы дискусситæ

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыдæгты министрады куысты ахсджиаг здæхт уыдис æмæ у Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы архайд. Сæ сæйраг нысан у Гуырдзыстоны ‘рдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг документы бафыст, кæцы у регионы æдасдзинады фидар гарант.

2023 азы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситыл сæххæст ис 15 азы. Уыдон байгом сты 2008 азы кæфты мæйы 15-æм бон Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг æрбабырсты фæстæ. Уый уыд Д. Медведев – Н. Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм бонæй æмæ рухæны мæйы 8-æм бонæй бадзырдадтæм гæсгæ. Дискусситы æмбарæй исынц хайад Хуссар Ирыстоны, Абхазы, Уæрæсейы, Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ. Ныхас фæцæуы дыууæ кусæгон къорды фæлгæтты – æдасдзинады фарстытыл æмæ гуманитарон проблемæтыл. 

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй ногæй нысангонд æрцыд, Женевæйы дискусситæ кæй сты иунæг ахæм бынат, кæм ис фадат сæвзæргæ фарстытæ æмæ тæссагдзинад аскъуыддзаг кæнынæн, æмæ процесс дæргъвæтин рæстæгмæ кæй æрлæууы, уый æппæрццагæй æндавы регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинадыл.

Абоны бон дискусситæ ацыдысты 59 раундæй. Хуссарирыстойнаг фарсæн Женевæйы дискусситы хайадист ахсджиаг у æмæ лæуд сты диалог дарддæр кæныны, афтæмæй ма куыст хуыздæр кæныны хъуыдыйыл.

Цхинвал, 2023 азы цыппурсы мæйы 29-æм бон

29.12.2023