Арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты базарад æмæ финансты министрадмæ Хуссар Ирыстон æмæ Науруйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 14 азы рацыды цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты базарад æмæ финансты министрадмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Науруйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 14 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«2009 азы цыппурсы мæйы 16-æм бон нæ бæстæты историйы баконд ис ног сыф, сæвæрдæуыд бындур хæларадон ахастытæн. Мах цæттæ стæм дывæрсон ахастытæ фидар кæныны фæдыл куыст дарддæр кæнынмæ. Хæларад, æууæнкдзинад æмæ æмархайды принциптыл бындуриуæг кæнгæйæ, ныфс дарæм, нæ дарддæры æмгуыстад кæй архайдзæн нæ бæстæтæ æмæ адæмы хæрзиуæгæн».

16.12.2023